Гиорги Маргвелашвили - цыфæнды вазыгджын фарстыты аскуыддзаг цæуа æхсæнадæмон барады æмæ бадзырдты фæлгæтты
Гуырдзыстон æмæ Сомихыстон дæр уый вварс сты цæмæй цыфæнды вазыгджын фарстыты аскуыддзаг цæуа æхсæнадæмон барады æмæ бадзырдты фæлгæтты – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили райхъусын кодта Сомихыстоны президентимæ иумæ арызт пресс-конференцийыл Тбилисы.
Маргвелашвили бузныг расидтис йæ сомихаг коллегæйæн Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй.
«Бузныг Сомихыстоны Республикæйы президент Серж Саргсянæн Гуырдзыстонмæ нæм кæй фæуазæг уый тыххæй. Сомихыстоны президенты æмæ делегацийы визит кæддæриддæр ахсджиаг у Гуырдзыстонæн, æнæкæсгæ уыцы хæларсыхагон ахастытæм, кæцыты ис нæ бæстæты æхсæн, æмæ махмæ кæддæриддæр вæйы фадат ноджы иу къахдзæф саразæм нæ ахастыты фылдæр фæарфдæр кæныны æрдæм. Ацы визит иттæг нысаниуæгджын у уыцы цæстæнгасæй дæр, æмæ ацы аз рацыд 25 азы дипломативон ахастыты æрфидар кæнынæй, æн рæмæст Сомихыстонимæ, фæлæ ма æндæр бæстæтимæ дæр æмæ ацы аз махæн фæуæд кæны афтæдæр нысаниуæгджын зæрдæмæдзæугæ визитæй. Нæ фембæлды фæлгæтты мах æрывнæлдтам уыцы ахсджиаг динамикæмæ, кæцы тынг кæны нæ дыууæ æрдхорд паддзахадыты æхсæн. Мах фæныхас кодтам регионы стабилондзинады æмæ райтынгы фарстыты фæдыл. Разы стæм уыйимæ æмæ цыфæнды вазыгджын фарстыты аскуыддзаг цæуа æхсæнадæмон барады æмæ бадзырдты фæлгæтты» – загъта Гиорги Маргвелашвили.