Гиорги Маргвелашвили – Бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сæндидздзæн сабырадонæй
Сымах лæуут уыцы бæстæйы зæххыл, кæцыйы 20 % бынтон æнæзакъононæй оккупаци скодта нæ уырыссаг сыхаг – ацы ныхæстæй æрсидтис Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили, бирæнацион ахуыр «Аккаг партнеры» хайадисджытæм.
Президент дзырдæй ралæуды рæстæджы, партнер бæстæтæй ахуырты хайадисджытæн раарфæ кодта æмæ ахуырты сæ хайады нысаниуæгыл фæныхас кодта.
«Арфæ кæнын нæ партнертæн Америкæйы Иугонд Штаттæй, Стыр Британийæ, Францийæ, Германийæ, Польшæйæ, Туркæй, Эстонийæ, Лиетувæйæ, Латвийæ, Норвегийæ, Азербайджанæй, Сомихыстонæй æмæ Украинæйæ.
Абон иумæ кæй лæууæм, нæ хæлардзинад нæ иумæйаг нысæнттæ, кæцытæ здæхт сты сабырады æрдæм, нæ æмбæстæгты цард æмæ æнæниздзинады, сæ уæвынад бахъахъхъæныны æрдæм у уыцы иттæг нысаниуæгджын хайбавæрд, кæцы сымах хæссут нæ бæстæйы фидардзинадыл. Нæ хæлардзинад уыцы æрдæм здæзт у, цææмæй куыд бахъахъъæнæм сæйраг хæзна, бæстæты æнæцудгæдзинад. Нæ дзыллæты фарн, стабилондзинад. Цытджын æфсæддонтæ, ацы ахуырты хайад кæй исут уый у гаранти уыцы стабилондзинады, уыцы сабырдзинады, кæцыты æрфидар кæныныл кусынц нæ хицауадтæ,» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны территориты 20% уырыссаг сыхаг бынтон æнæзакъононæй оккупаци скодта. Фæлæ президенты фидиуæнæй, бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сæндидздзæн æрмæстдæр сабырадон фæндагæй.
«Абон ам лæууæм æмæ гуырдзиаг æфсæддæттæн, кæцытæ сæ æмтохгæнджытимæ иумæ лæууынц, фидар сты уыцы хъайтардзинад æмæ æхсардзинадæй, кæцыйы уе мтохгæнджытæ равдыстой хæстон архæйдтыты рæстæджы. Сымах ам лæуут уыцы бæстæйы зæххыл, кæцыйы 20 процент дæр æнæзакъононæй оккупаци скодта нæ уырыссаг сыхаг, фæлæ сымах лæуут уыцы зæххыл æмæ уыцы æфсæдды фæрсæй фæрстæм, кæцытæ нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæндзысты сабырадон фæндагæй,» – райхъусын кодта президент.
Ахуыртæ «Аккаг Партнер 2018» абон райдыдтой.