Гиорги Маргвелашвили - Æз сразы дæн «Гиргвлианийы хъуыддаджы барасты» инициативæимæ, фæлæ нын ацы афонмæ нæй реалон документ
Æз сразы дæн «Гиргвлианийы хъуыддаджы барасты» инициативæимæ, фæлæ ацы афонмæ нæй реалон документ, кæцыйыл уыдаит гæнæн ныхас кæнын – уый тыххæй райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент, адвокатты ассоциацийы æмæ президенты администрацийыс æхсæн «Гиргвлианийы хъуыддаджы барасты» фæдыл æмкуысткæнынады меомрандумыл къухбафыссыны фæстæ.
«Ай у уыцы феномен, кæцыйы мах схонæм системон фыдракæндæй – адон сты, пажддзахады, барадхъахъхæнæг системæйы æмæ тæрхондоны æмархайдтæ, кæцытæ æфхæрдтой адæймаджы бартæ æмæ не мбæстæгты политикъон сурын æххæст кодтой раздæры хицауады рæстæджы. Дзыллæ ратта уыцы фæзындæн тыхмидзинады æмæ системон фыдракæнды аргъ.
Политикъон аргълæвæрдæй уæлдай, 2012 азы парламент райста закъондæттæн акт, кæцыйы мидæг бæрæг уыдысты уыйхуызæн политикхон сурыны фактытæ æмæ арæзт æрцыд хномхыгъд уыцы æмбæстæгты, кæцытæ уыдысты политикъон хъомысдарынады амæттаг. Хъыгагæн ацы азты дæргъы нæ бахъом стæм банкъаринагæй размæ рацæуын. Бирæ хæттыты банысан кодтам ацы процессы кæронмæ бакæныны æнæмæнгхъæуындзинад» – райхъусын кодта Маргвелашвили.