Гиорги Маргвелашвили æхсæнадæмон конференцийы хайадисджыты райста
Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны урæд автокефалион хицауиуæгы сног кæныны 100 азы сæримæ баст æхсæнадæмон конференцийы хайадисджытæ афысым кодта – уый фæдыл инфомацийы Гуырдзыстоны президенты администрацийы пресс-куыст хæлиу кæны.
Пресс-куысты информацийæ, Гуырдзыстоны президенты номæй президенты галуаны уагъд æхсæвæрыл уыдысты Патриархы æмбынативæг бардарæг Шио, æмæ патриархийы минæвæрттæ æмæ президенты уынаффæгæнджытæ.