Гиорги Маргвелашвили - 2016 азы æвзæрстытæ уыд политикъон классы мысанмæ ист аиуварс кæнын
2016 азы æвзæрстытæ уыд политикъон классы мысанмæ ист аиуварс кæнын- уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили парламенты раз фæндзæм æрвылазон хыгъдлæвæрды хатдзæггæнæн раныхасы рæстæджы загхта.
«Цæст ахæссæм хæдуынаффæйы æрдгæй уæвæг уавæрыл – фæлæмæгъ кодтам хæдуынаффæ, райстам къаддæр хæдуынаффæгæнæг сахартæ.
Президенты институтмæ гæсгæ – фæмацы кодтам æвзæрстытæ, кæцы цæрджыты фæнды ныхмæ уыд сæйраг та уый у æмæ, парламентон æвзæрыстыты дæсгай азты дæргъы ныфсæвæрд реформæ та, 2024 азмæ ахастам.
Политикъон институтты фæлæмæгъ, политикты ныхмæ къахдзæфтæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæстагмæ гæнæн ис уыцы моменты искæцы политикы фæдых кæной, фæлæ æппынфæстаг, бæстæйы институцион фæткдæттын лæмæгъд кæны.
Ацы цæстæнгасæй, куы акæсын 2016 азы цы æрцыд, уæд и фæфиппайын,цæмæй 2016 азы æвзæрстытæй политикон класс аиуварс кодтой. Политикон партиты фæлæмæгъ кодтой, куыд сæйраг политикон хъазджытæ Гуырдзиаг политикон тыгъдады.
Ацы периоды нæ сырæзт ницы къахдзæфтæ уый тыххæй, цæмæй фæтыхджындæр уыдаит оппозици, уый тыххæй цæмæй сырæзтаит разаууæл фидар оппозицийæн, иунæг закъон дæр нæ сырæзт ацы æрдæм» – райхъусын кодта президент.