Гиорги Квирикашвили - Уырны нæ, цæмæй хъæддых позицийæ æмæ иумæйаг тыхайрхайдæй, фæдфæдон ахастæй, сабырадон амæлттæй бахъом уыдзыстæм нæ бæстæ баиу кæнын
Уырны нæ, цæмæй хъæддых позицийæ æмæ иумæйаг тыхайрхайдæй, фæдфæдон ахастæй, сабырадон амæлттæй бахъом уыдзыстæм нæ бæстæ баиу кæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили конференци «Æмкуысткæнынад дзæбæхдзинадæн-Фидæн сæдæазы стратеги»-ыл загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæкæсгæ провокацитæм, Гуырдзыстон æнæцудгæйæ дарддæр кæны конфликты сабырадонæй аскуыдзагы политикæ уадзын, æхсæнадæмон æмгарады хъæддых æххуысæй.
«Иттæг нысаниуæгджын у, уый æмæ уыцы уавæрты ома Дунейы масштабæй аййас сидт куы ис, 21-æм æнусы ææхсæнадæмон боны фæткъы сæйраг фарстытæй фестадысты глобалон æдадсзинад, терроризмимæ тох æмæ бирæ сидтытæ та, уый нымæцы нæ регионы дæр. Гуырдзыстон у Дунейы цивилизацигонд æмгарады аккаг уæнг ахæм сидтытимæ хæцыны æрдгæй.
Цæй зæгъын æй хъæуы, бирæ æндæр бæстæтау, Гуырдзыстон дæр стыр нывонд скодта фæстаг азты дæргъы ацы сидтытимæ тохы процессы.
Нæ бæстæйы 20 процент абон Уæрæсей æрдгæй оккупацигонд у.
Ис нын сидтытæ æрвылбойнон царды. 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны зæсты æмæ ææхсты фæурæды бадзырд бафыссынæй, 10 азы сæрыл, тынг хъыгагæн Уæрæсе нырма дæр не æххæст кæны бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста æмæ нæ бæстæйы æнæдихаг хæйтты – Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы фактон анексийы æрдæм къахдзæфтæ аразын дарддæр кны.
Æнæкæсгæ провокацитæм, Гуырдзыстон æнæцудгæйæ дарддæр кæны конфликты сабырадонæй аскуыдзагы политикæ уадзын, æхсæнадæмон æмгарады хъæддых æххуысæй, кæцыйæн нæ дзыллæ æмæ хицауад бæрзонд аргъ кæнынц. Уырны нæ, цæмæй хъæддыг позицийæ æмæ иумæйаг тыхайрхайдæй, фæдфæдон ахастæй, сабырадон амæлттæй бахъом уыдзыстæм нæ бæстæ баиу кæнын.
Цæй зæгъын æй хъæуы ацы фæндагыл иттæг нысаниуæгджын у экономикон тынгад, экономикон реформæтæ, экономикон дзæбæхдзинады бонæй-бонмæ амайын нæ бæстæйы æмæ мах уый æрвылбойнон режимæй, бирæ æрдæм интенсивонæй æххæст кæнæм» – загъта Гиорги Квирикашвили.