Гиорги Квирикашвили -  Сæрыстыр стæм, Дунейы  лидер реформатор бæстæты ранымады кæй стæм уымæй, АИШ-æ дæр хъал хъуамæ  ацы æнтыстмæ хайбавæрдæй
Гиорги Квирикашвили - Сæрыстыр стæм, Дунейы лидер реформатор бæстæты ранымады кæй стæм уымæй, АИШ-æ дæр хъал хъуамæ ацы æнтыстмæ хайбавæрдæй

Мах  даргъ  фæндаг рацыдыстæм, цæмæй  суыдаиккам  Америкæйы Иугонд  Штатты  аккаг   партнер  æмæ   фидæр æмцæдисон –  уый тыххæй   Гуырдызстоны премьер-министр, Гиорги Квирикашвили  АИШ-ы  паддзахадон   департаменты  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпеоимæ  фембæлды  фæстæ  райхъусын кодта.

Гиорги Квирикашвили  Майк Помпеойæн бузныг   загъта  æмæ  йын постыл  снысан кæнын  раарфæ  кодта.

«Бар мын раттут,  раарфæ уын кæнон   ацы  постыл  кæй  снысан стут уый,  кæцы  иттæг  нысаниуæгджын у   æнæ æрмæст АИШ-æн, фæлæ ма   æнæхъæн Дунейæн.  Уырнæг дæн   цæмæй  уæ  нысантырнæндзинад æмæ  энтузиазм   ноджы  фылдæр  фæфидар кæндзæн  дунейы АИШ-ы   хъæддых   лидердзинд  æмæ  фылдæр фæарфдæр кæндзæн  АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны  къуындæг партнерад.

Цалдæр  бонмæ мах  сбæрæгбон кæндзысмтæм  Гуырдзыстоны Фыццаг Демокративон Респбуликæйы   бындурæвæрды  100  азы сæр.  Мах  даргъ  фæндаг рацыдыстæм, цæмæй  суыдаиккам  Америкæйы Иугонд  Штатты  аккаг   партнер  æмæ   фидæр æмцæдисон. Президент Трампы  къухдариуæгæй   паррнерад нæ  паддзахаъдты  æхсæн  нысаниуæгджынæй  райрæзтис.

Фидæны  мах уынæм, нæ ахастыты  ноджы    фæфидардæр кæныны  егъау  потенциал  дыууæдр бæстæйы   стратегион   интересты  зæрдыл даргæйæ, мæ абоны  сесси  дæтты   диссаджы  фадат, æнæ æрмæст   афлгæсæм   уæвæг прогресс, фæлæ  ма  сбæлвырд кæнæм   нæ   цæдисты  фæарфдæр кæныны  приоритеттæ» 0   загъта Гиорги Квирикашвили.

Премьер-министр  куыд банысан кодта афтæмæй,   АИШ-ы  æнæаскъуынгæ  æххуысы   руаджы, Гуырдзыстоны зæгъгæ сххæст  демократийы консолидацидзинад, фæтыхджындæр ис  хицауадон  институттæ  æмæ  сырæзт фылдæр фадæттæ æнæрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма   æппæт регионы   экономикон  тынгадæн.

«Мах сæрыстыр стæм  дунейы  лидер реформатор бæстæты  ранымады куæй  стæм уымæй, æмæ АИШ-æн дæр  йæ бон  у сæрыстыр уа  ацы  стыр æнтысты йæ хайбавæрдæй.  Гуырдзыстон   бæрзонд аргъ кæны    АИШ-ы æрдгæй  нæ  территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн   æнæцудгæ   æххуысæн.  АИШ-ы  æххуысæн  Уæрæсейы Федерациимæ  конфликты сабырадон  фæндагæй  аскуыддзагы, Гуырдзыстоны  территориты –  Абхазийы æмæ Цхинвалы Регионы деоккупацийы  процессы  сегасæй егъау  нысаниуæг  ис  Гуырдзыстонæн æмæ   регионы  стабилондзинадæн.  Нæ паддзахадтæн ис дунейы   сабырады æмæ   стабилондзинады æрфидар кæныны  иумæйаг  нысæнттæ.  Мах иумæ,  уæхсгæй-уæхсгмæ  дарддæр   кæнæм  хæцын  терроризмы ныхмæ Афгъанистаны, цыран дыууæ дæр  бæстæ  нысаниуæгджын   сæфт бавзæрстам. Хъахъæнынады  сферæйы  дыууæфарсон æмæ   бирæфарсон   æмкуысткæнынад  стыр  æххуыс у  Гуырдзыстонæн   йæ   гарзджын  тыхты  модернизаци  æмæ  хæдиргъæфхъомад  фæфидардæр кæныны  хъуыддаджы» –  загъта Гиорги Квирикашвили.

Афтæдæр йæ  ныхасмæ  гæсгæ, Гуырдзыстоны  цалдæр   боны размæ,  АИШ-ы   Европаг   сæрдарады  хистæр инæлар  Скапарот  уыдис æмæ   байгом кодта Гуырдзыстоны   хъахъъæнынады  бацæттæйы  программа,  историон программа  æмæ тренингы инициативæ, кæцы у  Гуырдзыстон æмæ АИШ-ыв  æхсæн   партнерады   ног этапы  райдиан,   кæцы йæ хай хæссы  Сау Денджызы  регионы  æдасдзинады  фæфидары хъуыддагмæ,  æмæ уымæ  æмбæлгæйæ  дæр Европæйы  æдасдзинады,  стабилодзинады  хъуыддаджы.

«Ацы  этапыл  ныридæгæн цæттæ стæм  ноджы  стырдæр прогрессмæ баххссын æдасдзинады  сферæйы, нæ  дыууæфарсон æмæ бирæфарсон  æмкуысткæнынады.  Нысаниуæгджын прогресс нын ис НАТО-имæ  æмархайды  фæфидардæр кæныны рдгæй.   Не статистикæ  ныридæгæн ахызт  æткæйон мид продуктæй  хъахъъынынады  бюджетыл   рауæлдайгонд суммæты  НАТО-ы  стандарты –  2  процентæй,  æфсæддон техниккæйæн   рахицæнгонд  20  проценты банымадæй.  Райгонд стæм  уæмæй  нæм  ис  фажат  балхæнæм  АИШ-ы  æфсæддон   хæдиргъæвынæн   ифтонггарзтæ. Аиш-æ нысаниуæгджын роль æххæст кæны  нæ  евроатлантикон  интеграцийы  процессы.   Ацы аз  Брюсселы НАТО-йы  саммиты æрбаввахсимæ иумæ,  мах æнхъæнл  стьæм цæмæй  æмбæлон аргъ райсдзæн   цы нысаниуæгджын прогрессмæ баххæссыдыстæм  НАТО-йы  уæнгдзинады æрдæм фæндагыл –уый.   Фæнды мæ бузныг зæгъын, цытджын нымæрдар Помпео,  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнгдзинады тыххæй   цы фарсхæцæг  фидиуæн сарызтат  уыцы  ныхæстæн.  Экономикон трансформаци  æмæ ахуырад  ноджы  иу къабаз у,  кæцыйы нын  ис  АИШ-ы   иттæг нысаниуæгджын æххуыс» –  банысан кодта Гиорги Квирикашвили.

Гуырдзыстоны премьер-министры  фидиуæнæй,   АИШ-ы  æххуысæй, Гуырдзыстон ссис  дунейы инвестирдзинады æмæ  бизнес амалкæнынæн  иуæй-иу  сегасæй пайдаджын  бæстæйæ.

«Абон,  æмхасты  ног этапмæ куы  хизæм,   уæд уынæм  дыууæфарсон  цæдисты фæарфдæр кæныны   нысаниуæгджын потенциал.  АИШ-ы  хицæн инвестицитæ  ахæм проектыты, цахæм дæр у Анаклиайы  æрфдойнаг   порт,   ноджы  фидардæр кæны   Америкæйы стратегион   экономикон  интерестæ  регионы.  Куыд Евразийы кулдуар, кæцыйæн ис  егъаунысаниуæгджын    æмæ уникалон    сæрибар базараы  бадзырды хызаг  Евроцæдисæй  суанг Китайы онг, кæцымæ  æфтыд цæуы АИШ-ы  сæрибар  базарады  бадзырдты  хызаг, афтæмæй Гуырдзыстон у   идеалон  базæ, кæцыйæ  америкаг бизнес  æрфидар кæндзæн йæхи    æнæхъæнæй  регионы.  Гуырдзыстон у дунейы   уыцы  цалдæр бæстæйы æхсæн, кæцытæм ис  æнæмæнгхъæугæ институттæ, стратеги æмæ бизнес-æрдз  Америкæйы Иугонд Штаттимæ   æппæтылæххæссæг  æмæ  рæстаг  базарадон бадзырдæн.   Нæ бæстæты æхсæн  сæрибар базарады  бадзырды уæвыны цауы,  уый  «ПрайсвотерхаусКуперсы» (PricewaterhouseCoopers)  иууылног   иртасæнæй   куыд фæбæрæг афтæмæй,   5 азы  дæргъы америкаг продукцийы  экспорт, гæнæн ис  райрæза  360%, кæцыйы фæстиуæгæн, Америкæйы сæвзæрдзæн ног куыстбынæттæ.

Дыууæдæр   бæстæйæн  Фидæны æмгуыстады  потенциал у егъау.  Æз ныфсы цæстæй кæсын   сымахимæ æмгуыстадмæ  алы æрдæм,   кæцы æмбæлон у  америкаг æмæ  гуырдзиаг  адæмты интерестæм.  Æнхъæлмæ уæм кæсын  Гуырдзыстоны» –   банысан кодта   премьер-министр  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдаримæ  фембæлды фæстæ.