Гиорги Квирикашвили - никуы бафидаудзыстæм окккупациимæ, æмæ алы сабырадон мæцъистæй пайда кæндзыстæм нæ бæстæ баиу кæнынæн
Гуырдзыстон у хæдбар, демокративон бæстæ фæлæ йæ хай фæстæмæ, оккупацигонд у. Мах никуы бауадздзыстæм уый, æмæ цыфæнды сабырадон мæцъистæй пайда кæндзыстæм нæ бæстæйы биау кæнынæн – уый фæдыл дзырдæуы прмьер-министры фидиуæны.
Гиорги Квирикашвили ныхас кæны советон оккупацийы боны тыххæй.
«Нæ фыдыбæстæйы 25 февраль у иуæй-иу сеппæтæй трагикон бон – 97 азы размæ, гуырдзиаг патриотты æмæ юнкерты хинывондгæнæг хæст фæцис Гуырдзыстоны демокративон республикæйы советтон сырх æфсады оккупацийæ.
Советон режимы амæттаг баис бæстæйы демокративон тынгад æмæ мингай не æмбæстагы цард. Æнæкæсгæ уымæ, сæрибардзинады идея æмæ сæрибардзинады æрдæм тырнынад, никуы ахуыссыд нæ адæмы æхсæн, æмæ ацы хæзнаты сæрыл тох дæр никуы æрнымæг.
Абон Гуырдзыстон у хæдбар, демокративон бæстæ, фæлæ йæ хай фæстæмæ оккупацигонд у. Мах никуы бафидаудзыстæм окккупациимæ, æмæ алы сабырадон мæцъистæй пайда кæндзыстæм нæ бæстæйы баиу кæнынæн.
Уырны мæ, мах бахъом уыдзыстæм, фæлтæртæн иууон, фидар паддзахад ныууадзын» – банысангонд у Гиорги Квирикашвилийы фидиуæны.