Гиорги Квирикашвили – нæ фæлтæры, хицауады сæйраг мисси у бæстæйы фæфидар кæнын, ацы миссийы сындæггай фæлæ аккагæй сæххæст кæндзыстæм
1918 азы 26 майы хæдбардзинады акты ис ахæм ныхæстæ – «Нырæй фæстæмæ Гуырдзыстон адæм суверенон бар хæссæг сты æмæ Гуырдзыстон æххæстбарджын хæдбар паддзахад у» – ацы ныхæстæй райдыдта Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады абоны рабадт.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон сом бæрæг кæндзæн сеппæтæй стыр бæрæгбон, кæцы нывонд у Гуырдзыстоны паддзахаддзинады ногæй рацарæзтмæ.
Гиорги Квирикашвили æппæт Гуырдзыстонæн раарфæ кодта фæнысангонд бон.
«Мах сом бæрæгбон кæнæм тынг стыр датæ, кæцы нывонд у Гуырдзыстоны паддзахаддзинады ногæй рацарæзтмæ, фæнды мæ рагафонæй уын раарфæ кæнон, нæ бæстæйы æппæт цæрджытæн æмæ ракувон нæ паддзахадæн уый æмæ ацыхатт æнæфæзилгæйæ суа Европæйаг бинонты уæнг æмæ уыцы стыр хъуыддаг кæцыйæн бындур æвæрд æрцыд 1918 азы 26 майы, æнтыстджынæй кæронмæ ахæццæ уа Гуырдзыстоны Европаг бинонты æххæстбарджын уæнгæй рсуæвынæй. Мах нæ уый алцыппæт уырны æмæ ныфсджын стæм» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили .
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон фæнысангонд бæрæгбоны æнæрмæст бæстæйы, фæлæ ма дунейы масштабæй нысан кæны. Афтæма, Квирикашвилийы дзыордæй, абон Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн еврокамисы президент Жан Клод Юнкер, æмæ æхсæз бæстæйы президенттæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд бæрæгбонмæ æмæ Шота Руставелийы 850 азы юбилеймæ гæсгæ, уагъд æрцыд постон маркæ, кæцыйы презентаци ИНО-йы сæйраг офисы сырæзт.
Премьер 26 маймæ плангонд мадзæлтты тыххæй фæныхас кодта æмæ загъта, цæмæй ард бахæрыны церемони сырæздзæн иурæстæгонæй æхсæз бынатыл – Тбилисы, Шиндисы, Вардзиайы, Къоджоры, Батум æмæ Гелаты. Фæнысангонд бынæттæй плангонд у комкоммæ телеуынынадон трансляцитæ.
«Мах иттæг нысаниуæгджын хъуыддаг хъуамæ сæххæст кæнæм. Абон Гуырдзыстоны æнтыстимæ разы у æппæт Дуне, Европæйы Гуырдзыстон нымадмæ ист цæуы, куыд скæсæн партнерады лидер бæстæ, сæххæст реформæтæм гæсгæ æмæ нæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы датæйыл тынг хъалæй æмбæлæм.
Мах нырма тынг ахсджиаг хъуыддæгтæ æмæ куыстытæ хъуамæ сæххæст кæнæм æмæ нæ сегасæй сæйрагдæр хъуыддаг у нæ бæстæйы баиу кæнын. Вæццæгæн ай у сегасæй сæйрагдæр мисси нæ фæлтæры, нæ хицауады æмæ уырнæг дæн, ацы миссийы кæронмæ аккагæй сæххæст кæндзыстæм» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.