Гиорги Квирикашвили  Гуырдзыстоны премьер-министры   пост уадзы
Гиорги Квирикашвили Гуырдзыстоны премьер-министры пост уадзы

Гиорги Квирикашвили  Гуырдзыстоны премьер-министры   пост уадзы.  Уый фæдыл  Гиорги Квирикашвили райхъусын кодта хицауады  администрацийы  уагъд  брифингыл.

Гиорги Квирикашвилийы фидиуæнæй,   уый æмæ   хицаугæнæг   баллы æхсæн, бæрæг  ардæмадтæй  сырæзт хъуыдыты хъауджыдæрдзинад.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   партий «Гуырдзиаг Бæллицы»  сæрдармæ зæгъгæ  хъуамæ  уа фадаи   къорд  сæрмагонд  хъуыдымæ  гæсгæйæ  скомплект кæна.

«Куыд æй зонут афтææмæй, знон сырæщзт  фæткдар къорды   фембæлд,  кæцыйы фæстæ дæр  сырæзт  фидиуæнтæ.  Фæбæрæг ис   мæхи æмæ фæткдар къорды  æхсæн бæрæг   ардæймадтæй  хъуыдыты  хъауджыдæрдзинад.  Конкретонæй,  ныхас уыдис  мæ  къухдариуæгæй   уагъд  экономикон политикæйы фæдыл.  Фæстаг мæйты  дæргъы  уыдис  бирæ  фундаментон фарстатæ,  кæцытæм гæсгæ нын, партийы  сæрдаримæ   нæ  хъуыдытæ  кæрæдзиуыл не сфидыдтой.  Ай нормалон процесс у. 2012 азæй райдайгæ,  никуы  аиуырдæм кодтон мæхи  полемикæйæ.  Абон ты æрлæууыд уыцы момент,   партийы  сæрдармæ куы  хъуамæ æрцæуа лæвæрд  фадат,   къорд  скомплект кæна   йæ  хъуыдытæмæ гæсгæйæ» – райхъусын кодта Квирикашвили.

Гиорги Квирикашвили, Гуырдзыстоны  премьер-министры пост ахста  2015 азы  30 декабрæй. 2015 азы  сентябрæй  2015 азы  дкекабры онг  уый  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр уыд, 2013 азы  июлæй 2015 азы  декабры онг,  уыдис бæстæйы вице-премьер, 2012 азы октябрæй  2015  азы  сентябры  онг – Гуырдзыстоны  экономикæйы  æмæ   æнæцудгæ тынгады  министр уыд.

Конституцимæ гæсгæйæ,   премьер-министры  куыстуæгъд кæнæ йæ  барты  æндæргъуызон  урæды  фæстæ,   сæ æххæстбартæ  урæд  цæуынц  хицауады  æндæр уæнгтæн дæр.