Гиорги Квирикашвили – алчи нæ хъуыды кæнæм паддзахадон программæтæ, хца куы фыстой сæндон скуынæг кæнынæн, æмæ абон та адæм сæндæттæмæ æрыздæхтысты
Кахеты сæндуцджытæ 2013-2017 азты, æмтгæй райстой 615 млн ларийы æфтиаг – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили райхъусын кодта Телауы, «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон Гуырдзыстоны» конференцийыл.
Кахеты регионы цæугæ проекттыл ныхасы рæстæджы премьер йæ хъусдард раздæхта сæнæфсиртонæны æрдæм, æмæ бюанысан кодта цæмæй зæгъгæ ахæм фæстиуджытæ райсын гæнæн æссис æрмæст дрæр паддзахады рæстмæ политикæйы фæстиуæгæн.
«Кахеты сæндуцджытæ 2013-2017 азты, æмтгæй райстой 615 млн ларийы æфтиаг. Уый гæнæн та ссис æрмæстдæр падзахады раст политикæйы фæстиуæгæн, фыццаджы дæр субсидирдзнады цæстæнгасæй, æмæ балансгонд æддæ политикæйы фæстиуæгæн» – загъта премьер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр зæгъгæ зæххыл ис сты æркуырд æмæ дзы кæнынц сæндæттæ.
«НÆ мæ фæнды негативыл фæлæууын, фæлæ нæ алчидæр хъуыды кæны паддзахадон программæтæ, хца куы фыстой сæндон скуынæг кæнынæн, æмæ абон та сæндæттæ кæнын райдыдта адæм. Зæххыл æркуырд стыр у. Афтæдæр стыр æркуырд ис сæндæттыл æмæ куысты бынæтты нымæц та, прецедент кæмæн уыййас у» – бафтыдта ма Гиорги Квирикашвили.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, ацы къабазы райрæзты руаджы, цæрджытæн сæ цард банкъаринагæй фенцондæр ис. Гиорги Квирикашвили ныхас кодта сæны экспортыл, æмæ загъта цæмæй экспорт стабилонæй дарддæр кæны. Премьер ма бафтыдта, цæмæй Гуырдызстонмæ æрцæуынц ног инвестортæ æмæ иууыл тагъд, сæххæст уыдзæн ноджы бирæ æнтыстджын проекттæ.