Гиорги Квирикашвили æмæ Ираклий Къобахидзе абон бынæттон хæдуынаффæйы æмæ  децентрализацийы  стратегион  националон  концепцийы бавдисдзысты
Гиорги Квирикашвили æмæ Ираклий Къобахидзе абон бынæттон хæдуынаффæйы æмæ децентрализацийы стратегион националон концепцийы бавдисдзысты

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе  æмæ  Гуырдзыстоны   премьер-министр   Гиорги Квирикашвили  абон бынæттон  хæдуынаффæйы  æмæ  децентрализацийы  стратегион  националон  концепцийы фæдыл фæныхас кæндзысты. Ног концепцийы  бавдыст  Тбилисы,  Гуырдзыстоны парламенты  сырæздзæн  æмæ уым арымбырд уыдзысты   Гуырдзыстоны хицауады, парламенты, æмбæстагон дзыллæйы, дипломативон корпусы  æмæ æхсæнадæмон организациты минæвæрттæ.

Мадзалы  хайадисджыты раз ралæудзысты  Тбилисы мэр,  бынæттон   хæдуынаффæйты  националон  ассоиацийы  президент, Каха Каладзе; Гуырдзыстоны  ИНО-йы  рæзынады  программæйы (UNDP) къухдариуæггæнæг  Нильс  Скотт; Австрийы минæвар Гуырдзыстоны  Арад  Бенко  æмæ  Гуырдзыстоны Швейцарийы минæвар  Лукас Беглингер.

Гуырдзыстоны парламенты информацийæ,   децентарлизациимæ  æмæ  бынæттон   хæдуынафæйы ног националон концепци, регионалон  æмæ  бынæттон  рæзынады  цæугæ   реформæйы  хай у,  кæцыйæн активонæй æнцой дарынц  Гуырдзыстоны æхсæнадæмон партнертæ,  уый нымæцы  ИНО-йы  рæзынады   программæ (UNDP) æмæ Швейцарийы  æмæ Австрийы  хицауадтæ.

Децйентрализаци æмæ  бынæттон   хæдуынафæйы  ног националон   концепцийы  бавдисыны фæстæ,   стратегийы  æмæ   архайадон планы бакуыст  у  плангонд,  кæцыйы Гуырдзыстоны парламент сбæлвырд кæндзæн  2018 азы.

Адзалы организатортæ сты  Гуырдзыстоны парламент æмæ  хицауад, ИНО-йы рæзынады  программæ(UNDP) æмæ  Швейцарийы æмæ Австрийы хицауадты æххуысæй.