Гиорги Кобулиайы дзырдæй, бæрæг банкъон хæстыл гæнæн ис амнисти расидтæуа
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ тнгады министр Гиорги КОбулиа хъусын кæны, цæмæй бæрæг банкъон хæстыл гæнæн ис амнисти расидтæуа.
«Сау номхчгъды» уæвæг адæймæгты реабилитацимæ гæсгæ ныридæгæн рагæй фæстæмæ цæуы куыст. Уый у иттæг серьозон проблемæ, кæцы ис нæ экономикæйы. Зонæм, цæмæй цалдæр сæдæ мин адæймаг ис сау номхыгъды æмæ нæ экономикæйæн та сегасæй ахсджиагдæр у уый, цæмæй ацы адæм цух сты экономикон архæйдтытæй. Бирæтæм нæ дæр мотивации с кусын райдаын, уымæн цæмæй с æмызды хай гæнæн ис хардзгондыл нымад æрцæуа. Уыдоны практиконæй фесæфтам. Фæлæ сæ хъуамæ фæстæмæ бафтауæм нæ экономикæмæ. Уый тыххæй рагæй тæрхон кæнæм ацы проблемæйыл, æмæ сом премьер не скуыддзагы фæдыл рахъусын кæндзæн. Уый у махæн ногдзинад æмæ уый у стыр куысты фæстиуæг» – банысан кодта Гиорги Кобулиа.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæгæ, рахъусын кæндзысты деталон информаци хицауады инициативæйы фæдыл.
«Гæнæн ис расидтæуа амнисти бæрæг хæстыл. Уыйу иуæй-иу сæйрагдæр аххос. Мах арæхстгай хъуамæ архайæм. Ахæм хуызы ивдтытæ хъуамæ æххæст кæнæм афтæ, цæмæй зианхæссæг ма уæт экономикæйæн æмæ æмтгæй райсгæйæ та, нæ финансон секторæ. Ахæм фидиуæнтæ куы цæуынц арызт, уæд алчи хъуамæ уа тыг хъавгæйæ, æнцон у популистон фидиуæнтæ саразын, фæлæ тынг зын у серьозон фидиуæнты саразын, цæмæй æцæгæй дæр ма ракæла нæ экономикæ. Мачи аразæт ахæм фидиуæнтæ, цæмйæ кредиттæ фæкаддæр кæнæм зæгъгæ æмæ ауадзæм ахæм реформæтæ, цæмæй амалуæвæгæйæ фæкаддæр кæнæм кредитты бæрц. Ахæм реформæтæ ауадзын гæнæн нæй, кæцытæ знаггадгæнæгуыдзысты нæ экономикæйæн» – райхъусын кодта Гиорги Кобулиа.