Гиорги Гвелесиани – уæлахизгонды менталлитет нæм æрфидар ис,  ацы æнтысты  фæстиуджытæ æввахс  азты  фендзыстæм #1TVSPORT
Гиорги Гвелесиани – уæлахизгонды менталлитет нæм æрфидар ис, ацы æнтысты фæстиуджытæ æввахс азты фендзыстæм #1TVSPORT

Гиоги Гвелесиани  «Моамбеимæ»  Евро 2024-ыл Гуырдысоны  æмбырдгонды   ерысыл  фæныхас кодта æмæ бахахх кодта   уыцы  сæйраг фактор, кæцыйы æрхæсдзæн ацы æнтыст, – уæлахизгонды  менталлитеты  сæвзæрд.

«Уый махæн æнæрох бонтæ сты – аргъауæн йæ кæрон æцæгдæр  хорз куы  у. Сæрхъызойтæй  ахæм   размæ рацыды æнхъæл нæ уыдыстæм.  Футбоолисттæ тынг  цин кнæм.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, куыд  дебютанттæ, тынг æнтыстджын рацыдыстæм, адæмы хъуыдыты  уæлахизгонд  менталлитет æрыздæхтам æмæ нæ дунейы  бахъуыды кодтой куыд футболисты, афтæ  сæрхъызойты, чидæриддæр Германийы  стадионтыл хицæн кодтой æндæртæй.

Карьерæйы дæргъы  æндæр æмæ æндæр  фæлтæртимæ  хъазыдтæн, фæлæ нырыкконы  хуызæн профессионалтæ  мыл никуы  сæмбæлдысты. Футболисттæ дæр æмæ тренерты  штаы уæнгтæ  тынг мотивиргонд сты. Чемпионатмæ дзæбæх равгыл ацыдыстæм, фæлæ къордæй дарддæр ахызт  æмæ   хъазты æнхъæл  бирæ нæ уыдис.

Цæвиттон  Испаниимæ матчы нæ уыдис гæнæн   уыдонæн рамбулын, уымæн æмæ тынг дзæбæх  балансгонд  бал у. Фæлæ  хыгъд куы бакодтам,  цæвиттон нæ бауырныдта, цæмæй  уыдонæн  уыдис нæ бон рамбулын.   Махмæ  ацы  уырнындзинад æмæ менталлитет æрфидар ис, кæцы у  егъау  фæзынд.

Уый фæстиуджытæ æввахс  фидæны  фендзыстæм.   Ног  фæлтæртæ æрыздæхтысты   кæртмæ æмæ футбол хъазынц, афтæ  куыд  мæ сабибонты уыд, ацы фактæй тынг зæрæрухс дæн, уымæн æмæ нæ наци, нæкæсгæ  уымæ æмæ цъус  стæм,  уырнæг дæн,  куырдиатджынтæй  бонджын у æмæ ацы фæстиуджытæ мах æнæмæнгæй  фендзыстæм».