Гиорги Гахариа Уæрæсейы делегацийы гæнæн визиты тыххæй
Гиорги Гахариа Уæрæсейы делегацийы гæнæн визиты тыххæй

Кæд нын  Гуырдзыстоны  закъондæттынад  уый  фадат  дæтты, уæд æхсæнадæмон хæстæ  æххæст кæнæм,  кæд нын  нæ –  уæд та   партнертæм баздæхæм, райхалæм сын хъуыддагы  мидис  æмæ   иумæ бацагурæм  сырæзт уавæрæй  рацæуæн –   уый  фæдыл   Гуырдзыстоны  премьер-министр, Гиорги Гахариа  Евросоветы министрты  комитеты  фембæлды  фæлгæты, Уæрæсейы  делегацийы   гæнæн   визитыл  комментарийы  рæстæджы  райхъусын кодта.

«Иунысанонæй   уын  зæгъдзынæн, цæмæй  ахæм  скуыддзаг истæуы Гуырдызстоны  закъондæттынадмæ гæсгæйæ  æмæ  алы,  уый  нымæцы,  ацы скуыддзаг цауы дæр, скуыддзаг ист æрцæудзæн  Гуырдзыстоны  закъонмæ куыд  æмбæлы  афтæ.  Гуырдзыстоны  закъондæттынады иувæрсты  ничи  ацæудзæн», – банысан кодта  Гиорги Гахариа.

Афтæдæр  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон  Евросоветы  сæрдар бæстæ у  æмæ   уый дæр  факт у,  цæмæй,   хъыгагæн, Уæрæсейæн   Евросоветы  уæнгы  бартæ  фæстæмæ сфидар кодтой.

«Ныр æрыздæхæм фæстæмæ  æмæ  хаххгондæй  банысан кæндзынæн, ничи, чифæнды дæр райхъусын кæнæт,  закъондæттынады иувæрсты ничи ацæудзæн. Уыцы  афон дæр æрлæудзæн æмæ  алцыппæт  арызт уыдзæн Гуырдзыстоны  закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ.  Мах   архайæм æрмæст закъонмæ  æмбæлгæйæ.   Кæд нын Гуырдзыстоны закъондæттынад уый  фадат дæтты, уæд мах  æхсæнадæмон хæстæ  æххæст кæнæм. Кæд нæй – уæд та  баздæхæм  нæ партнертæм,   райхалæм сын проблемæйы мидис, æмæ стæй  иу  бацагурæм  æндæр  рацæуæн», –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Знон, Европæйы  Советы  парламентон ассамблейыл   Уæрæсейы  минæвары, Леонид  Калашниковы  фарсты дзуаппæн, Гуырдзыстоны презиздент Саломэ Зурабишвили  райхъусын кодта, цæмæй  Владимир Путины  политикъæйæ хъауджыйæ,  Гуырдзыстон у  бæстæ, кæцы  цыт кæны  æхсæнадæмон   хæстæн.  «Евросоветы  парламентон ассамблейы тыххæй Гуырдзыстон архайы, иувæрсты  æрзила национ  закъондæттынадæн, кæцы  оккупацигонд  территоритæм,  махæй барлæвæрд нæ райсгæйæ кæцы уæнгтæ  уыдысты,   уыдонæн  бæстæмæ æрбахизын  тобæ кæны», –  банысан кодта Саломэ Зурабишвили.

Фæстæдæр  Гуырдзыстоны  президент, йæ   куырдиаты тыххæй   уæлæмхас  æмбарынгæнæн сарызта.  Саломэ Зурабишвили куыд райхъусын кодта афтæмæй,   зæгъгæ  уый нæ  фæхуыдта  Гуырдзыстонмæ  Уæрæсейы  делегацийы   минæвæртты,   фæлæ   загъта, цæмæй   Гуырдзыстон  Уæрæсейæ  хъауджыйæ, кад кæны  æхсæнадæмон барадæн  æмæ   цæттæ у,   организацийы   принципты æмæ  æгъдæутты  зæрдылдаргæйæ,  райса  парламентон ассамблей.