Гиорги Гахариа - Не æмбæстæгты бæрнон ахаст, хицауады цырд архайд  æмæ æхсæнадæмон  æххуыс, аргъ  цæмæн нæй  ахæм  у «Ковид-19»-ы ныхмæ  тохы
Гиорги Гахариа - Не æмбæстæгты бæрнон ахаст, хицауады цырд архайд æмæ æхсæнадæмон æххуыс, аргъ цæмæн нæй ахæм у «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы

Не æмбæстæгты  æрдгæй  бæрнон  ахасты, хицауады  цырд архайд  æмæ  нæ  парнерты  æрдгæй   æхсæнадæмон  æххуыс, аргъ  цæмæн нæй  ахæм  у  «Ковид-19»-ы ныхмæ   тохы –  уый фæдяыл Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа,  социалон хызаг  «Твиттеры» фыссы.

Гуырдзыстоны  хицауады  сæргълæуугæ  фæнысангонд  фидиуæн аразы  рауагъдад  «Вашингтон  Посты»  публикацигонд статийы дзуаппæн, кæцыйы мидæг дзырæдуы ног типы коронавирусы  ныхмæ Гуырдзыстоны  тохы фæдыл.

«Вашингтон Пост»  Гуырдзыстоны  схуыдта   «Ковид-19»æн  бафæразыны  иуæй-иу  сегасдæр æнтыстджын бæстæйæ.  Статимæ гæсгæ,   гллобалон пандеми  равдыста, цæмæй   ахæм æртъхъирæнæн, чысыл бæстæтæ   хуыздæр бафæрæзтолй,  æрмæст  ахæм   стыр   æмæ фидар паддзахадтæ  цахæм дæр сты  АИШ-æ, Стыр Британи, Уæрæсе æмæ Китай,   пандемийы  фæстиуджытæ сæрмагондæй  уæззау  сты.  «Сыхаг Уæрæсейы  корронавирус  куы  абухы  уыцы  рæстæджы,  Гуырдзыстон у   сабырдзинад  сакъадахау.  Бæстæйы  3.75 милуан  цæрæг ис,   коронавирусы  бæлвырд  цауты  нымæц   700-йæ  къаддæр у, амард æрмæст 12  адæймаг, æмæ уый  æппæты  тыххæй Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци  бæстæйæ   æппæлгæ  дæр  кодта» –  фыссы  рауагъдад.