Гиорги Гахариа - МХМ срæвдз кæндзæн сабыр æмæ æдас уавæр æвзæрстытæм, уый бахъом стæм фыццаг туры æмæ бахъом уыдзыстæм дыккаг туры дæр
Полици хъахъъхæндзæн алы адæймаджы бартæ æмæ цæхгæр кæрон скæндзæн кæцыфæнды барадсаст, – уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта Самегрело-Уæллаг Сванеты муниципалитетты мэртимæ æмæ сакребулоты сæрдæрттимæ фембæлды фæстæ Зугдиды.
Гуырдзыстоны МХ министры ныхæстæм гæсгæ Самегреломæ йæ визиты нысан уыд регионы æдасдзинады контексты уавæры фалгæсын.
«Куыд æй зонут, афтæмæй мидхъуыддæгты министрад æввонг кæны сабырадон æмæ æдас уавæр æвзæрстыты ауадзынæн. Мах бахъом стæм уый саразын фыццаг туры æмæ афтæдæр бахъом уыдзыстæм дыккаг туры дæр. Мæ визиты нысан уыд цæмæй бахыгъд кодтаиккам куыд ацыдысты æвзæрстытæ Самегрелойы, цы хъуамæ саразæм не мбæстæгты æдасдзинад фæтыхджындæр кæнынæн сабырадон æвзæрстыты ауадзыны контексты. Мæхимæ райстон, Гуырдзыастоны æппæт территорийыл æвзæрстыты сабырæй ауадзыныл аудæг кураторы хæстæ. Уый мын бахæс кодта премьер-министр. Полици хъахъъхæндзæн алы адæймагы бартæ æмæ цæхгæр кæрон кæндзæн кæцыфæнды барадсаст», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Журналистты фарстайыл – кæцы контексты ракой кодта Гиорги Гахариа æвзæрстыты рæстæджы æдасдзинадыл фарстайы, баст у æви нæ уыцы фарста Самегрело оккупацигонд территоримæ хæстæг кæй у уыйимæ, мидхъуыддæгты министр банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Самегрелойы æвзæрстыты сабырадон уавæры ауадзын у сæрмагондæй сенситивон фарста.
«Зонут æй Зугдиды кæй стæм. Ардыгæй цалдæр километры – рæстæгмæ дихгæнæг хахх ис, æмæ уымæй æвзæрынц уæлæмхас рискъытæ. Фылдæр сенситивон кæны ам æвзæрстыты сабырадонæй ауадзын. Цæй зæгъын æй хъæуы мах ууыл цырын кæнæм сæрмагонд хъусдард»,- райхъусын кодта Гиорги Гахариа.