Гиорги Гахариа - мах æнæаскъуынгæ контактыл стæм æхсæнадæмон партнертимæ, лæмбынæг нæ цæст дарæм регионы цæугæ уавæрмæ
Сабыр бадзырдтæн æмæ активон дипломатийæн альтернативæ нæй, – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер хицауады рабадтыл Æввахс Скæсæны айтынггонд фæзындты кой кодта.
«Фæстаг бонты дæргъы мах алкæй хъусдард здæхт уыдис уыцы ныттынггонд уавæры æрдæм, кæцы Æввахс Скæсæны сырæзт. Фыццаг бонæй абоны онг, æххæст синхрононæй æмæ æнæаскъуынгæ баст стæм нæ æхсæнадæмон партнертимæ æмæ семæ иумæ лæмбынæг нæ хъус дарæм куыд айтынг уыдзысты фæзындтæ. Амондæн нæ бон зæгъын у, уымæй сабыр бадзырдтæн æмæ активон дипломатийæн альтернативæ нæй, уымæн æмæ регионæн алы хуызы тынгад æмæ иттæг стыр проблемæ, куыд æдадсзинады –афтæ экономикон рæзынады цæстæнгасæй.
Растдæр уый тыххæй, æнæаскъуынгæ баст стæм нæ æхсæнадæмон партнертимæ абоны онг, лæмбынæг нæ хъус дарæм фæзындты цыдмæ, цæмæй цы уавæр ис æнæхъæнæй регионы. Уымæй дарддæр ма, алы æмбæлон уагдон Гуырдзыстоны хицауажы, куыд æдасдзинады цæстæнгасæй, афтæ фæсарæн хъуыддæгты министрад дæр, контактыл сты сæ партнертимæ, иумæйаг куыст кæнынц, цæмæй æххæстæй æмбаринаг уа уыцы фарстатæ, кæцытæ гæнæн ис нæ бæстæйæн сырæза регионы цæугæ фæзындты тыххæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Афтæма премьер банысан кодта, цæмæй фæсарæн хъуыддæгты мнистрадмæ ис диллемæ, йæ минæварадты – консуладты фæрцы, Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагмæ, кæцы гæнæн ис абон ныттынгонд уавæры зонæйы уа, цы æххуыс æй бахъæудзæн уый йæм æххæстæй фæхæццæ кæна.