Гиорги Гахариа – мæ хæслæвæрдты тыххæй дзуапп ратдзынæн Лондоны дæр, Тбилисы æмæ Бомбейы дæр, Окуашвили та Гуырдзыстонмæ бафиддзæн цы йæм æмбæлы иууылдæр
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа «Омега Къорды» бындурæвæрæгы, Заза Окуашвилийы зноны фидиуæнты иу артисты театры, æмæ мидбылты худæгæй хоны.
«Алкæй фарстайæн дæр уыдзæн дзуапп, Тбилисы дæр, Лондоны дæр, æмæ йæ кæд Окуашвилийы йæхи æрфæнддзæн, уæд Бомбейы дæр ратдзыстæм дзуапп. Уый мидæг проблемæ нæй. Фæлæ мæ фæнды хаххгондæй банысан кæнон, цæмæй Окуашвили тыхбын бауыдзæн алы тетри æмæ лари бафидын, кæцытæ бюджетмæ хъуамæ бафыстаит», – райхъусын кодта Гахариа.
Цыдæриддæр та фембæлдмæ æххæссы, кæцый кой кодта Окуашвили, Гахариа зæгъы:
«Фембæлд сырæзт, уæд уыдтæн бизнесомбудсмен, бæрæг куыд у афтæмæй, уыдтæн тынг хъомысджын бизнесомбудсмен, фæлæ уый мæхæдæг не нкъардтон. Цæй зæгъын æй хъæуы ацы фембæлды сæйраг нысан уыдис бынæттон кондадæн æххуыс æмæ уыцы компаниты баахъаз кæнын кæцытæ фыдрæстæг æрвыстой, Бæрæг куыд у афтæмæй ацы периоды хъыгагæн æртымбыл кодтой егъау хæс паддзахадон бюджеты. Мæхи æмæ мæ куысты тыххæй алы фарстайæн ратдзынæн дзуапп кæм фæндыдæр- Лондоны дæр, Тбилисы дæрæ æмæ Бомбейы дæр. Окуашвили бафиддзæн алы тетри æмæ лари кæцйыйы дæр дары паддзахадон бюджетæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.