Гиорги Гахариа куры парламенты пленарон сессийыл дзырдæй ралæуды бар
Мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа фыстæгæй басидтис парламентмæ æмæ 20-21 июны Тбилисы, Руставелийы проспектыл айтынггонд фæзындты тыххæй, пленарон сессийыл дзырдæй ралæуды бар куры.
Уый тыххæй информаци хъусын кæны МХМ.
«Гуырдзыстоны парламенты регламенты 154-æм статийы бындурыл, уæм курæг дæн, компетенцийы фæлгæтты, ралæууон парламенты пленарон рабадтыл, 2019 азы 20-21 июны Тбилисы Руставелийы прроеспектыл айтынггонд фæзындты тыххæй. Цыт гæнгæйæ Г.Гахариа» – фыст ис парламентмæ æрвыст куырдиаты.