Гиорги Гахариа – Коронавирусы тыххæй паникæйы бындур нын нæй, æнæнизхъахъхъæды министрад æмæ æмбæлгæ уагдæттæ æххæстæй контрол кæнынц ситуаци
Паникæйы бындур нын нæй. Æнæнизхъахъъæды министрад, æмбæлгæ уагдæттæ æмæ координацион æхсæнуагдонон совет, æххæстæй контрол кæнынц ситуаци, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта, афтæмæй, знон зæгъгæ, Гуырдзыстоны коронавирусы фыццаг цау сфиксир ис æмæ æнæмæнгхъæугæ у, алчи æххæст кæна Дунейы æнæнизхъахъхъæды организацийы рекомендацитæ.
«Гуырдзыстоны сфиксир ис фыццаг цау, нæй нын паникæйы бындур. Æнæнизхъахъъæды министрад, æмбæлгæ уагдæттæ æмæ координацион æхсæнуагдонон совет, æххæстæй контрол кæнынц ситуаци. Мах алчи хъуамæ æххæст кæнæм Дунейы æнæнизхъахъъхæды организацийы рекомендацитæ, кæцыты тыххæй нырид цалдæр бон у, медиафæрæзтæй хъусын кæнæм. Активонæй дарддæр кæны координацион советы куыст, кæцы сырæзт 28 январы æмæ ацы советы эффективон куысты фæстиуæгæн æрцыд фыццаг факты тæккæ арæныл сфиксир кæнын, æмæ уыцы адæймагæн не æмбæстæгтимæ контакт нæ уыд. Ай уыд фыццаг цау, конкретонæй арæныл куы рабæрæг кодтой вирусы цау, цæй тыххæй дæр арфæгæнæг дæн æнæнизхъахъхъæды министрады алы кусæгæй, афтæдæр арæнхъахъхъæнджытæй æмæ таможнæйы кусджытæй», – райхъусын кодта Гахариа.