Гиорги Гахариа – хъуыды кæнæм, хицæн туристон бынæттæ райхъусын кæнæм «Ковид-19»-æй сыгъдæг зонæтæй
Гуырдзыстоны премьер-министры Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад тæрхон кæны фарстыл, кæцы баххæсдзæн хицæн туристон зонæты, «Ковидæй» сыгъдæг зонæтæй райхъусын кæнын.
Гуырдызстоны премьер-министр Батумы, фысмыуæтты æмæ туристон компаниты минæвæрттимæ фембæлдыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ гæнæн ис фæнысангонд зонæты нымæц уа Саирмэ, Цъхъалтубо æмæ Гудаури.
«Сегасдæр нысаниуæгджын уыцы процесстæй, кæцытæ ныр цæуынц экономикæйы, ныфс нæ ис, цæмæй уым сæйраг локомотивæй суыдзæн Ачъара. Уымæн æмæ ацы магнентикон тых гуырдзиагш туризмы, цæй зæгъын æй хъæуы у уæлхох рæттæ, сæндуцынад дæр, ноджы ма бирæ æндæр, фæлæ Ачъара уæддæр сæрмагондæй химæлвасæг у, афтæ куыд Тбилис æмæ стæй алцыппæт ай апырх вæйы районтыл. Ныр хъуыды кæнæм цæмæй саразæм хицæн туристон зонæтæ, райхъуысын сæ кæнæм «ковидæй» сыгхдæг зонæтæй. Уый фадат ис, чысыл мобилон зонæтыл куы ныхас кæнæм уæд, нæ зонын уый гæнæн ис уа Саирмэ, Цъхъалтубо кæнæ Гудаури. Батум уæддæр æгæр стыр у ахæм зонæйæн. Фæлæ Ачъарайы бæрæг рæтты ис гæнæн уый саразын. Ам иттæг нысаниуæгджын сты фысымуæттæ, уым цы ран æмбæлон инфраструктурæ ис» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.