Гиорги Гахариа – Ираклий Кадагишвили  лæмбынæг зоны  Кахеты алы  проблемæйы тыххæй
Гиорги Гахариа – Ираклий Кадагишвили лæмбынæг зоны Кахеты алы проблемæйы тыххæй

Алы амæлттæй  хъуамæ бацархайæм,  цæмæй  Кахет фылдæр стынг уа.  2012 азы фæстæ  бирæ  цыдæр сырæзт ацы регионæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариа  мажоритар  депутаттæм  кандидат, Ираклий Кадагишвилийы  раразмæ кæныны рæстæджы райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæг  йæ  хъусдард раздæхта  уыцы  факты æрдæм, ома  2012  азы  Кахеты  систой  52 000 тоннæ   сæнæфсир, 2019  азы  та  – 278 000 тоннæ, зæгъæн ис,  5  хатты  фылдæр, кæцы йæ ныхæстæм гæсгæ,   иумæйаг куысты  фæстиуæг у.

Гиорги Гахариа  банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ хъуамæ  адарддæр уа  алы  уыцы  проект  æмæ программæ,  кæцы  Кахеты  райтынгæн  цæуы  æххæст æмæ  уый æппæт саразын  хъæуы «Гуырдзиаг Бæллиццы»  мажоритар  депутаттæм  кандидат  Ираклий Кадагишвилиимæ иумæ.

Премьеры дзырдæй,  Ираклий Кадагишвили  зæгъгæ лæмбынæг  зоны  регионы  алы  проблемæйы тыххæй  æмæ  уый  ацы къуымы   аккаг хъæбул у.

«Ираклий Кадагишвили  у уыцы адæймаг, кæцы  лæмбынæг зоны  абон регионы  цы проблемæтæ ис  иууылдæр, Кахеты æмæ Телавы.  Уыцы  адæймаг у,  кæцыйы  нæ бахъæудзæн  бирæ  цæттæ  кæнын  æмæ ацы  проблемæты бацахуыр, кæцы æвзæрстыты дыккаг   бон  æрбаддзæн  æмæ  рывналдзæн куыстмæ, цæмæц  ацы регион  фылдæр райтынг уа.  Алчи иумæ  алцыппæт хъуамæ  саразæм цæмæй  Телавы  уа  фарн, æмæ æмтгæй  райсгæйæ та Гуырдзыстоны  куыд  уа  фарн, уый тыххæй», –  райхъусын кодта  Гиорги Гахариа,  мажоритар депутаттæм кандидаты  раразмæ  кæныны  рæстæджы.