Гиорги Гахариа – Гуырдзыстон у цъæх бæстæйыл нымад æмæ æндæртимæ абаргæйæ хузыдæр контрол кæны пандемийы этап
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстон цъæх бæстæйы статус нæ сафы æмæ æндæртимæ абаргæйæ эффективонæйдæр контрол кæны пандемийы этап.
Премьер, координацион советы рабадты фæуды фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта, цæмæй бæстæ, гæнæн ис, цъæх статусæй фæцух уа, фæлæ йæ стæй фæстæмæ æрыздаха.
«Абон Гуырдзыстон нырма у цъæх бæстæ, абон Гуырдзыстон æндæртимæ абаргæйæ эффективонæйдæр контрол кæны пандемийы этап, адаптацийы æмæ фæткдæттыны этапыл, æнæкæсгæ уымæ æмæ уый нæу сæйраг бæрæггæнæг махæн. Гæнæн ис, цæъх бæстæйы статус сом фесафæм, иннæбон та йæ фæстæмæ æрыздахæм нæхимæ.
Махæн сегасдæр нысаниуæгджын у: фыццаг – æмбæстæгты æнæниздзинад, дыккаг – арæнæвæрдтæ сфидар кæнын кæй мауал бахъæуа, кæцы афтæдæр серьозон рискытæ æмæ дискомфорт хæссы экономикæйы цырд сæндидзын кæнынæн æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, æртыккаг – цырд, эффективонæй бакæнæм кæронмæ ацы æвзарæнон процесс æмæ ауадзæм сеппæтæй рухсдзыд æмæ демокративон æвзæрстытæ пандемийы уавæрты Гуырдзыстоны», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.