Гиорги Гахариа -  Дихгæнæг хаххыты цур, кусæм   æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын æмæ сæ эффективондзинад сбæрзонддæр кæныныл
Гиорги Гахариа - Дихгæнæг хаххыты цур, кусæм æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæнын æмæ сæ эффективондзинад сбæрзонддæр кæныныл

Ныридæгæн райдыдтам кусын  ууыл, цæмæй  дихгæнæг   хаххыты  цур æдадсзинады мадзæлттæ  фæкарздæр кæнæм  æмæ  бирæ эффективон дæр скæнæм.  Ацы æрдæм  нын ис  конкретон плæнттæ,  кæцыты дзыллæйæн  æввахс периоды  базонын кæндзыстæм – райхъусын кодта   Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министр  Гиорги Гахариа  Фыццаг Къаналы алæвæрд  «Ахали Къвира»-йы.

«Ацы функцийы дыууæдæр дихгæнæг хаххы  цур æххæст кæны   сæрмагонд  хæслæвæрдты   департамент.  Паддзахады  сæйраг  мæцъис  сты  æхсæнадæмон форматтæ,   кæцытæй активонæй  æмæ  максималонæй  хъуамæ спайда кæнæм,  цæмæй  не мбæстæгтæ  бахъахъхъæнæм.  Цæй зæгъын æй хъæуы,   нæ  иуæй-иу  мæцъис сты æдасдзинады мадзæлттæ,  кцытæ  дихгæнæг  хаххы цур  хъуамæ  фæфидардæр кæнæм» – расидтис Горги Гахариа.