Гиорги Гахариа - Бауырнæнт уæ, карз фарстытæ æмæ дзуаппытæ раттын никуы тарстыстæм, нæдæр бæстæйы мидæг æмæ нæдæр фæсарæнты
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа конгрессменты фыстæгы тыххæй хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ цы фæнды хуызы фарстытæ уæд стратегион партнерты æрдгæй, кæддæриддæр цæттæ у, диалогы режимы сын дзуапп раттын.
Премьеры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынад æмæ рæзынад æнæфæцудгæ у. Гахариа дзуры, цæмæй алы карз фарстæн, бæстæйы æмæ фæсарæнты дæр дзуапп æнæмæнгæй уыдзæн.
«Алчи хорз æмбары, цæмæй Гуырдызстоны евроатлантикон тырнынад æмæ рæзынад сты æнæфæцудгæ. Гæнæн ис, нæ коллегæтæм ис фарстытæ, фæлæ бауырнæнт уæ, цæмæй никуы тарстыстæм фарстытæй, нæдæр карз дзуаппыт раттын тæрсæм, куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ йæ арæнты æддæйæ. Афтæмæй, сабырæй, цыфæнды фарстыл, уыдзæн дзуаппытæ лæвæрд», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Цыдæриддæр та хицауады сæргълæууæгы номыл æрвыст, конгрессменты фыстæгмæ гæсгæ оппозицион спектры арызт куырдиæттæм æххæссы, Гахариа дзуры цæмæй, зæгъгæ сæ «хъæлæба, политикон контекстæй цæуы».
«Æмбарæм алцыппæт уый, хъæлæба, кæцы ацы фыстæджытæм гæсгæ сырæзт, æнцонæмбарæн у. Ис политикон контекст æмæ æвзарæнон цикълы тыххæй политикон контексты спайда кæндзысты ацы фыстæгæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.