Партийы регионон организациты саразыны цæстæнгасæй, фыццаг къахдзæф сарызтам, – уый фæдыл парти «Гуырдзыстонæны» сæрдар Гиорги Гахариа Батумы регионон организацийы бындурæвæрды фæстæ журналисттæн загъта.
Гахариа афтæдæр загъта, цæмæй офисы багомæй дарддæр, абон партийы политсоветы уæнгты фыццаг рабадт ацыд.
«Уырнæг дæн, нæ бæстæы дарддæры æнтыст, фæбæрæг уыдзæн Тбилисы Батумы æмæ æндæр горæтты æнтыстæй, уый тыххæй дæр абсолютонæй æмбаргæйæ сарызтам ацы къахдзæф. Афтæдæр абон ацыд политсоветы фыццаг рабадт. Æркастыстæм уыцы принципон æрдæмадтæ, кæцытæ ныридæгæн бавдыстам нæ программæйы. Программæ æххæссы бæстæйы социалон-экономикон рæзынадмæ, адæймаджы бартæм æмæ демократийы дарддæры тынгадмæ, æмæ сегасдæр сæйраг æдасдзинадмæ, кæцыйы сæйраг нысан у бæстæйы деоккупаци æмæ дебордеризаци. Алы æрдæм нын ис платформæтæ, кæцыты арæзты хайад исынц æндæр æмæ æндæр эксперттæ. Ай у нысаниуæгджын бон. Банымадтам, цæмæй фыццаг къахдзæф сарызтам партийы регионон организациты саразыны цæстæнгасæй. Батумы организацийæн къухдариуæг кæндзæн Ираклий Тавдгиридзе, Ачъарайæн та, Ираклий Микеладзе», – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.
Парти «Гуырдзыстонæн» абон Ачъарайы регионон организаци байгом кодта.