Гиорги Гахариа -  бæстæйы æнæкуыстгонд зæххытæ ма хъуамæ баззайа
Гиорги Гахариа - бæстæйы æнæкуыстгонд зæххытæ ма хъуамæ баззайа

Аграрон процесс  иу бон дæр ма  хъуамæ  фæлæууа бæстæйы  æмæ ма хъуамæ баззайа  æнæкуыстгонд зæхх, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр,  Гиорги Гахариа  хъæууон  хæдзарады къабазы  антикризисон  пъланы  презентацийы  райхъусын кодта.

Гиорги Гахариайы  дзырдæй,  зæгъгæ абон,  алы  фермер   Гуырдзыстоны, кæцыты  нымæц  у  42 мины, æххæстæй  ссæрибар уыдзысты  иригацийы фидинагæй,  донхæр дон сын  уыдзæн æнæфидгæ  2020  азы кæронмæ.

«Уыйимæ иумæ,  фæнды мæ зæгъын уын, цæмæй  алкæцы фермер, кæцыйы бахъæудзæн  техникæ балхæнын,  хъæрмуатты хæдзарадæн  кæнæ  иригацион системæ  срæвдз кæнын,  уымæн паддзахад  æхцайæ,   комкоммæ  баххуыс  уыдзæн   ацы  куыстыты  аргъы  50 процентæй.  Уый уыдзæн гранты  хуызæй», – хъусын кæны  Гиорги Гахариа.

Премьеры информацийæ,   фæнысангонд программæтæ   20  майæ  скусдзысты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ программæ  æндæр фермертæм дæр æндавы  æмæ  ацы  æххуыстæй   иууылдæр  спайда кæндзысты 200 мины онг фермер.  Æххуысы  æххæст бюджет та  уыдзæн  300 милуан лари.