Гиорги Гахариа 15 октябры официалон визитæй  фæуазæг уыдзæн Сомихыстонмæ
Гиорги Гахариа 15 октябры официалон визитæй фæуазæг уыдзæн Сомихыстонмæ

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариайы   официалон  визиттæ сыхаг бæстæтæм  дарддæр кæнынц.

Хицауады  администрацийы   пресс-куысты  информацийæ,   2019  азы  15  октябры,  хицауады  сæргълæууæгы,  Сомихыстонмæ  араст уыдзæн.

Афтæдæр цæттæ  кæны премьер-министры визит  Турчы Республикæмæ.

Пресс-куысты  информацийæ,  премьер-министр Гиорги Гахариайы   Брюссельмæ визит, еврокамисы  ныр   цæугæ   кадрон фарстаты   фæуды  фæстæ  сырæздзæн,  куыддæр  ранæуæггонд  еврокамис   сæрмагонд æххæстбарты æххæсткæнынмæ æрывналдзæн афтæмæй.