Гиорги Чаладзе -  Саакашвилийы палатæйы рудзынгы  цур лæууы хæдтулгæ, уый электромагнитон тæмæнтæ калы, кæцы расайы  адæймагы психикон хæццæдзинад, куынæг кæны æнæниздзинад æмæ  йæ амарын дæр у йæ бон
Гиорги Чаладзе - Саакашвилийы палатæйы рудзынгы цур лæууы хæдтулгæ, уый электромагнитон тæмæнтæ калы, кæцы расайы адæймагы психикон хæццæдзинад, куынæг кæны æнæниздзинад æмæ йæ амарын дæр у йæ бон

«Националон Змæлды»  уæнг Гиорги Чаладзейы фидиуæнæй,  зæгъгæ Гуры  æфсæддон госпиталы  Михеил Саакашвилийы  палатæйы  рудзынгы  цур лæууы  хæдтулгæ,  кæцы  электромганитон тæмæнтæ калы.

Чаладзейы  дзырдæй, зæгъгæ  йæ тæмæны  иууыл цъус  100  метры  радиусæй  цæрынæн  тæссаг у  алкæмæн чидæриддæр уым ис.

Гиорги Чаладзейы  дзырдæй,   хицауад зæгъг, мары  бæстæйы  æртыккаг президенты.

«Нæ бæстæйы æртыккаг президенты рудзынгы цур лæууы  хæдтулгæ,  кæцы  электромагнитон  тæмæнтæ калы.  Уырыссагау, нæ хицауадæн æмбаргæ æвзагыл  ай у, «куполы системæйæ»  цы хонынц уый у. Йæ тæмæнтæ  иууыл цъус  100 метры  радиусæй  цæрынæн тæссаг сты  алкæмæн.  Нæ кадрдтæй  иу  километры дæрццæг   фиксир кæны ацы тæмæнтæ. Тæмæнтæ расайынц  лейкемийæ райдайгæ  психологион  хæццæдзинад хынцгæйæ.  Ацы тæмæнты æндæвдад расайы адæймагы психикон хæццæдзинад,  куынæг кæны адæймаджы æнæниздзинад æмæ  расайы йæ адзал.   Ацы системæйæн йæ бон у  амара нæ бæстæйы æртыккаг президент.  Амара алкæй, чидæриддæр конкретонæй  ацы   рудзынгы  цур, ацы хæдтулгæйæ 100  метры  радиусы  уæвы. Ацы фидиуæн хъазæн ныхас  нæу.  Фæнысангонд хæдтулгæ,  Миша Саакашвилийы  Гурмæ  куы æрбаластой  уыцы минутæй  йæ палатæйы  цур  лæууы.  Тæмæнты æндæвдад  сæрмагондæй стыхджын вæййы  автомобилы  антеннæты  уæлæ радиусыл.  Куы йæ  абарæм  цас фидар тæмæнтæ сты,  горæты масштабæй  кусæг  джиесем   антеннæты тæмæнты тых у 18 ваты, ацы хæдтулгæйы тых та  200  ваты  бæрц у. Уæхæдæг  скæнут аргъ, куыд мары  нæ хицауад  нæ бæстæйы æртыккаг  президенты» –  банысан кодта Гиорги Чаладзе.

Гиорги Чаладзе  адæмон хъахъхъæнæгы  æмæ  дипломатон  корпусмæ реагирдзинадмæ æрсидтис.

«фæнды мæ  шансæй  спайда кæнын  æмæ нæ  адæмон барты сæрыл дзурæг Нино Ломджариайæ ракурон  бацахуыр кæна ацы факт,к æцы  бæлвырд кæны  абон ист къадртæй.  Адон сты  автентон кадртæ, мæхæдæг сæ  айстон.   Курæг дæн дипломатон корпусæй  ацы хуъыддагыл карз реакци  равдисæт.  Н сын сфаг ис, нæ бæстæйы президенты  хъызæмарæй  куы мардтой, ныр та  комкоммæ  йæм хъомыс дарынц  æмæ йæ марынц  радиоуылæнты, радиотæмæнты фæрцы. Ай  у магнитон уылæн , кæцы  марæг у  алы  адæймагæн, чидæриддæр  100 метры  радиусы.  Алы  кусæг, чидæриддæр ацы бæстыхайы  лæууы,  сæ  цардмæ æртхъирæн кæны тас. Ацы тæмæнтæ, фактонæй  сты  рентгены тæмæнтау 24 сахатон  режимы. Спецкуыстытæ дзы архайынц  хæдтулгæйæ  кæцыйы ис а.х.  куполы  системæ,  кæцы  фæнысангонд тæмæнтæ калы.  Иннæ  техникон деталтæ, чи сæ сбарста,  куыд сæ  сбарста, цавæр хæдтулгæ у, ис уæм кадртæ, уæ бон у  фæдзурат кæцы фæнды  æфсæддон экспертмæ, хъуыддаджы  чи æмбары  ахæм адæймагмæ  æмæ   базондзыстут,  цæй мидæг ис хъуыддаг. Ацы  кадртæ  мæхæдæг айстон.  Ацы автомобил  тæмæнтæ  калы уыцы моментæй,  Мише  Саакашвилийы   ацы рынчындонмæ  куы æрбаластой.  Ацы хæдтулгæйы фæрцы, нæ бæстæйы   æртыккаг президенты  марынц. Ацы хæдтулгæ бынатыл лæууы» 0 райхъусын кодта Гиорги Чаладзе,  кæцы æмбæлгæ  видео æрмæг дæр ахæлиу кодта.