Гиорги Барамидзе – Коциты æлгъаг шантажæй  арызт цыфæнды документыл къух бафыссын гæнæн нæй
Гиорги Барамидзе – Коциты æлгъаг шантажæй арызт цыфæнды документыл къух бафыссын гæнæн нæй

Хъуамæ адарддæр кæнæм  сабырадон тох, уымæн æмæ   уый у  иунæг  æнæ æрмæст моралонæй, фæлæ ма   политикон   прагматизмы  цæстæнгасæй дæр  раст фæндаг, – уый фæдыл  «Националон  Змæлды» уæнг   Гиорги Барамидзе, фыссы социалон  хызагы.

Йæ  хъуыдымæ гæсгæйæ ,   зæгъгæ бæрæг у,  цæмæй   европаг æмæ  америкаг  хæлæртты   фæрæзтæн дæр ис лимит æмæ уый тыххæй  скуыддзаггæнæг   ныхас  хъуамæ  зæгъа  Гуырдзыстоны адæм.  Сæрмагондæй та  тыхыбын бакæна  Иванишвилийы хицауад, снысан кæна  æмгъуыдагъоммæ  æвзæрстытæ  ссæрибар кæна Ника Мелиайы  æмæ  Гиорги Руруайы,  æмæ  ныууадза  Михеил Саакашвилийы, Ника Гварамиайы, Мамука Хазарадзейы  æмæ æндæрты   сурын.

«Уый тыххæй коциты  æлгъаг шантажæй  арызт    цыфæнды  документыл къухбафыссын нæй  гæнæн.

Нæ сабыр, æнæтыхми тох  хъуамæ  адарддæр кæнæм, уымæн æмæ  уый  у  иунæг  раст фæндаг,  æнæрмæст моралонæй æмæ барадмæ гæсгæйæ,  фæлæ ма политикон прагтматизмы цæстæнгасæй  (кæй зæгъын æй хъæуы, быхсын æмæ рæстæг  нæ бахъæудзæнис)  бакæндзæн  уæлахиздзинады онг», – фыссы  Гиорги Барамидзе  «Фейсбукы».

Фæнысангонд фарсты фæдыл ноджы иу посты мидæг Гиорги барамидзе  банысан кодта, цæмæй   банхъард документ  æгæр мигъджын у  æмæ  йыл йæ къух бафыссын  чи  разы  кæны, уый  йæ къух ары «Гуырдзиаг Бæллиццы»  политикæйæн.

«Бирæ  хъуыды кæнын йыл нæ хъæуы  уый бамбарынæн, цæмæй  ацы  мигъджын   документыл къухбафыссын чи разы кæны  уыдон, коциты  амынæты скæнæг  политикæйæн йæ бындур фидар кæнынц», – фыссы Гиорги Барамидзе.Posted by Giorgi Baramidze on Sunday, April 18, 2021