Гиорги Амилахвари  Павел Герчинскиимæ фембæлдис
Гиорги Амилахвари Павел Герчинскиимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  ахуырады æмæ   зонæдты министр  Гиорги Амилахвари  фыццаг  кусæн фембæлд ауагъдта   Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвар, Павел Герчинскиимæ æмæ уыимæ  ахуырады   алы  æмуæзадыл   цæугæ  проекттæ,  плангонд ногдзинæдтæ æмæ фидæны   плантæ  æркастис.

Ахуырады министрады информацийæ,  Гиорги Амилахвари  раарфæ крдта  Евроцæдисы  минæварæн  ахуырады  системæйæн фарсдарыны  æмæ фæстаг азты  сæххæст  æнæ иу масштабон    проекты тыххæй.

Министр  сæрмагонд хъусдард  раздæхта  Гуырдзыстоны  ахуырады  системæйы æхсæнадæмон   стандарттæ  сфидар кæныны нысаниуæгмæ.

Йæ  дзырдæй   зæгъгæ  ахуырады  интернационализацийы æрдгæй  кусын  активонæй  дарддæр кæны  æмæ  алцыппæт сырæздзæн уый тыххæй,  цæмæй   фæсивæдæн  ноджы  рæувадатдæр суа  Европаг гъæды  азуырад Гуырдзыстоны.  Фембæлдыл ныхас уыд   Гуырдзыстоны адæймагон капиталы  райрæзтыл,  «Erasmus»-ы программа  ауæрæх кæныныл алы æмвæзадыл, цæмæй  программæ  спорты  æмæ  фæсивæдон æрдæмадтæм  дæр аххæсса  æмæ  «Horizon Europe»-ы   нысаниуæгыл.  Дыууæдæр фарс  кæрæдзиимæ   æнгом   æмæ активон   æмгустадмæ æххæст цæттæдзинад   равдыста куыд  цæугæ, афтæ  ног    проектты  сыххæст æрдгæй.

Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  ахуырады  æмæ  зонæдты министрад.