«Ремдесевиры» уадзæг компани «Гилеад Сайенс» Европæмæ препарат фæззæджы æрбадæтдзæн.
Компанийы минæвæрттæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, «Гилеад» алы бæстæйы «Ковид-19»-ы активон цаутыл æнцойæ аскуыддзаг кæндзæн, цæмæй кæцы бæстæмæ цы бæрцæй «Ремдесевиры» бадæтдзæн.
Германийы «Гилеады» фæткдæттæг директор Бетина Бауэр куыд дзуры, афтæмæй, компани препарат уадзын декабры онг мæйы мидæг 190 000 дозæйæ 2 милуаны онг фæфылдæр кæндзæн, кæцы компанийæн сбаддзæн 1 миллиард доллары онг.
Бауэры дзырдæй, ацы препараты хосгæнæн иу курсы аргъ, зæгъæн ис 2400 доллар, рæстаг у зæгъгæ.
«Ройтер» фыссы, цæмæй компанийы æрдæм критикæ фæфылдæр ис, «Гилеад» «Ковид-19»-ы хосгæнæн препараты, «Ремдесевирсы» уæвæг дозæты фæстауæрц АИШ-æм æххæстæй куы ауæй кодта.