Гига Отхозориайы мад – Хуыцау зæгъæт, уыййас хъомысджын уæнт «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъд» æмæ мачиуал баууæнда гуырдзиаг адæймагы амарын
НÆ зонын уыдзæн æви нæ архайынхъом «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъд», фæлæ хуыцау зæгъæт, баиу уа оппозици позициимæ æмæ ахæм исты нывæрæт ацы номхыгъды цæмæй уа рæстаг æмæ архайынхъом, уымæн цæмæй мачиуал баууæнда гуырдзиаг адæймаг амарын –с уый фæдыл Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы Хурчайы мард Гига Отхозориайы мад Джулиета Чъантуриа загъта.
Джулиета Чъантуриа хъусын кæны, цæмæй номхыгъд архайынхъом уыдзæн уыцы цауы, кæд æмæ уырдæм хаст æрцæудзысты уыцы адæймæгтæ, кæцытæ дзуаппмæ раттын хъæуы, æмæ æркуырдтæ та зæгъгæ уыдзысты реалон.
«Адон не сты æрмæст уыцы адæймагæтæ, кæцытæн æфхæрд стæрхон кодтой, рахастой сын тæрхоныскуыд, æрмæст Канджи Огълы нæй, ацы номхыгъдмæ хаст не рцыд уыцы æртæ гоймаг, кæцытæ Канджи –Огълыимæ иумæ уыдысты уæд, ацы хномхыгъд кæй сарызтой, уый мæнæн бынтон ницæйаг у» – банысан кодта Джулиета Чъантуриа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, номхыгъдмæ хъуамæ бахæссой уцы адæймæгты дæр, кæцытæ а.х. арæнхъахъхъæнджыты дисциплинæйыл сты бæрнон.
«Номхыгъдмæ хаст хъуамæ æрцæуой уыцы адæймæгтæ, кæцытæ йæ нырма æрцахстой æмæ йæ уый фæстæ та мидхастæй дæр суæгъд кодтой Канджи-Огълыйы æмæ уый ныр Сухумы уæгъдибарæй рацу-бацу кæны. Уымæй уæлдай ма йæ хъайтарæй дæр скодтой гуырдзиагы марындзинады тыххæй» – загхта Джуликта Чъантуриа.
«Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды» фæдыл хицауады уынаффæйы проекты премеьр-министр, Мамука Бахтадзе абон брифингыл бавдыста. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы этапыл Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдмæ хаст сты 33 уæнгы, кæцытæ 1991 азæй абоны онг, оккупацигонд территоритыл Гуырдзыстоны æмбæстæгты ныхмæ æндæр æмæ æндæр фыдракæнд сæххæст кодтой. Уынаффæйы проект хицауады рабадтыл æркастысты æмæ парламентмæ æрцæудзæн æрвыст.