Гига Бокъериа хъусын кæны, цæмæй хицаугæнæг партий, æвзарæнон системæйы а.х. немыцаг моделы тыххæй позици сфиксир кæнынæн фылдæр рæстæг ракуырдта
«Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Гига Бокъериайы куырдиатæй, зæгъгæ хицаугæнæг бал, а.х. немыцаг моделмæ гæсгæ позици сфиксир кæнынæн фылдæр рæстæг ракуырдта.
Бокъериайы дзырдæй, оппозицийы фæнды, æныгъд уавæр ифтыгъд суадзын, фæлæ уый тыххæй хицаугæнæг балы æрдгæй хъæуы компромисс.
«Мах цæмæй æнхъæлмæ кæсæм æмæ нæ цыфæнды уый тыххæй зæгъдзынæн, фæнды нæ ацы тынгад ифтыгъд суадзын, кæцыйæн æнæмæнг хъæугæ у се рдгæй уцы бафхæрд фæстæмæ ахæссын, кæцы рахатыд дзыллæ, ацы компромиссимæ сразы уын, хъæуы политикъон сурын æмæ тыхми бауромын.
Кæд уый нæ бакæндзысты, уæд адарддæр уыдзæн карз процесстæ бæстæйы мидæгæй æмæ сæ изоляци бæстæйы арæнты æддæйæ, уый нымæцы ацы форматæй дæр спайда кæндзыстæм. Ныр цы сывзардзысты уый сæхи бар у, фæлæ бæстæйæн хуыздæр у сывзарой каддæр знаггадгæнæг фæндаг, сæхицæн дæр каддæр тæссаг уыдзæн æмæ та кæд фыддæрдæр сывзардзысты æмæ адарддæр кæндзысты бæстæ цудын кæнын, уæд мах уымæ дæр цæттæ стæм, фæлæ уый махæн нæ сæйраг мысан нæу» – райхъусын кодта Гига Бокъериа.
Фысымуат «Шератоны» фæсарæйнаг дипломаттимæ иумæ, хицауады æмæ оппозицийы минæвæртты æхсæн æртыккаг фембæлд, зæгхæн ис 5 сахаты бæрц æхгæд форматы цыдис.