Гиа Вольский - «Патриотты Альянсы» Уæрæсейæ финансдзинады фарста куы сбæлвырд уа, уый уыдзæн ацы партийы сæфт æмæ катастрофæ
«Патриотты Альянсы» Уæрæсейæ финансдзинады фарста куы сбæлвырд уа, уæд уый уыдзæн ацы партийы сæфт æмæ катастрофæ», – уый, фæдыл парламенты фыццаг вице-спикер, Гиа Вольски «Патриотты Альянсы» фæдыл ахæлиугонд информацийыл ныхасы рæстæджы загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд темæйыл серьозон фæдæвзарын хъæуы.
«Патриотты Альянсы адвокатæй уæвын мæнæн зынæмбарæн у æддагон курсы тыххæй, уыцы ахасты тыххæй, цæуылдæр нын бæрæг позици ис, фæлæ хъæуы æмæ иттæг нысаниуæгджын у ацы фарстайы фæдыл компетентон хатдзæг сæвæрын. Уыдзæн «Патриотты Альянс» æви кæцыфæнды æндæр», – райхъусын кодта Вольский.
Вольскийы дзырдæй, зæгъгæ «нæй гæнæн, цæмæй оппонент парти йæ раззаг режимы зылынджыныл банымайа, «Патриотты Альянс» куыд кæны афтæ кæнæ та йæ ныхмæ цыдæр сыфы тыххæй райдайа фæдагуырд».
«Хæсджын у аудиты куыст æмæ дзы хъуамæ бацахуыр кæна хъуыддаг, куыд финанс кæнынц ацы партийы æддæйæ, уæлдай дæр оккупант тыхы æрдгæй. Уый гæнæн нæй, бынтон æнæруадзгæ у. Баннертæ æристам, уымæн æмæ антипаддзахадон сты, фæлæ уырыссаг темæимæ комкоммæ баст не сты. Фæдæвзарæны темæмæ гæсгæ. Цъус арæхсгай хъуамæ уæм, нæй гæнæн æмæ скуыддзаг иса журналист, фæдæвзарæн хъуамæ райдайа æви нæ. Компентентон структурæтæ нын ис æмæ аскуыддзаг кæндзысты цас фыдгæнæгон сты цы сарызтой, уый. Дзурын, цæмæй ацы ми у антипаддзахадон æмæ Гуырдзыстоны интересты ныхмæ активондзинад. Куы сбæлвырд уа, цæмæй ацы политикон тых, Уæрæсейæ исы финансдзинад, уæд уый уыдзæн ацы партийы сæфт æмæ катастрофæ. Акæсæм, ахæм процедурæтæ адарддæр уыдзысты, кæцыты фæдыл уæм информаци нæй», – райхъусын кодта Гиа Вольский.
Дзырдæуы, Парти «Европаг Гуырдзыстоны» Вакейы мажоритартæм кандидат Элене Хоштариа «Патриотты Альянсы» финансдзинады фарста равзарыны куырдиат, прокуратурæмæ 25 августы куы бахаста, уый фæдыл. Элене Хоштариайы дзырдæй, зæгъгæ хъуыддаг æххæссы «Патриотты Альянсы» гæнæн, уырыссаг финансдзинадмæ æмæ платформæ «Досье»-йы фæдыл публикацигон статимæ. Интернетрауагъдад дыууæ æндæр æмæ æндæр документ публикаци кæны æмæ ацы документтыл æнцойæ хъусын кæны, цæмæй «Патриотты Альянсæн» æвзæрстыты размæ консультацитæ уадзынц Уæрæсейы хицауадимæ хæстæг уангтæ, кæцытæ сæ куысты фæдыл хыгъдлæвæрдтæ æрвитынц Уæрæсейы паддзахадон структурæтæм. Статийы дзырдæуы уый фæдыл дæр, ома «Патриотты Альянс» æвзæрстытæм уырыссаг финансдзинад райста.