АИШ-æ у нæ сæйраг партнер æмæ ницæмæй баст у Крамеры кæнæ форумы æндæр уагахаст кæнæ фидиуæнтимæ – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер, Гиа Вольски «Патриотты Альянс» АИШ-ы минæварады цур арызт акцийы ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы акци дæр баст у бæрæг политикъон мысæнттимæ. Йæ мидисæй у знаггадгæнæг уымæн æмæ нæй гæнæн исчи Крамеры уагахаст, абсолютонæй æнæмбæлон у АИШ-имæ сбæттын æмæ уый амынд та знон тынг рахатинаг уыд», – райхъусын кодта Вольский.
«Патриотты Альянс» Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады цур 15 сентябры протестон акци сарызта. Оппозицийы минæвæртты фидиуæнæй, акцийы аххос 10 сентябры Тбилисы уагъд æхсæнадæмон конференци уыд. Экономикон политикæ иртасаг центры æмæ Маккейны Институты организгонд фæндзæм æхсæнадæмон конференцийыл, кæцы Тбилисы фысымуат «Румсы» ацыд, «Патриотты Альянсы» иуæй-иу лидеры, Гуырдызстоны парламенты вице-спикер, Ирма Инашвилийы æмæ Флоридайы æхсæнадæмон университеты иртасагы, АИШ-ы паддзахадон нымæрдары раздæры æххуысгæнæг Дэвид Крамеры æхсæн, быцæудзырд сырæзт.