Гиа Вольский - Кæд Илиа Джишкарианийæн йæ фыдракæнд сбæлвырд уыдзæн, уæд æнæ æрмæст «Гуырдзиаг Бæллиц» хъуамæ фæхицæн уа, фæлæ ма мæ хъуыдымæ гæсгæ, серьозон проблемæтæ йын фæзындзæн йæ фидæны царды
Кæд Илиа Джишкарианийæн йæ фыдракæнд сбæлвырд уыдзæн, уæд æнæ æрмæст «Гуырдзиаг Бæллиц» хъуамæ фæхицæн уа, фæлæ ма мæ хъуыдымæ гæсгæ, серьозон проблемæтæ йын фæзындзæн йæ фидæны царды – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Гиа Волськи загъта.
«Батагъдгонд комментаритæ гæнæн ис разнаггад кæной иу æмæ иннæ адæйимагæн дæр. Адæймагон фактор дæр нысаниуæгджын у. Кæд уый сбæлвырд уыдзæн, уæд æнæ æрмæст «Гуырдзиаг Бæллиц» хъуамæ фæхицæн уа, фæлæ ма, мæ хъуыдымæ гæсгæ, серьозон проблемæтæ йын фæзындзæн йæ фидæны царды. Барадон фарс, та ноджы æндæр хицæн темæ у» – райхъусын кодта Гиа Вольски.
Сакребулойы депутаты Или Джишкарианийы йæ æххуысгæнæг, тамта Тодаждзе сексуалон æмæ физикъон тыхмидзинады аххосджын кæны. Мидхъуыддæгты министрады бæлвырд кæнынц, цæмæй хъуыддагыл фæдæвзарæн тугтæрхоны барады кодексы æртæ статийæ цæуы: 126 стати- тыхмидзинад, 138-æм стати – сексуалон равгы æндæр митæ æмæ 187-æм – мигæнæны базиан кæнын кæнæ скуынæг.