Гиа Вольски – Важа Гаприндашвилийы фарстайыл, оккупацион режимы æрдгæй æрымысгæ инсинуациты афон нæу æмæ раст не сты
Важа Гаприндашвили кæцыфæнды быцæудзинады периоды кæд иста хайад куыд дохтыр афтæ, уæд бауырнæт уæ, цæттæ уыд æмæ уыдзæн медицинон æххуыс сифтонг кæна кæй фæндыдæр – уый ф æдыл парламентон фылдæрты лидер Гиа Вольски оккупацион режимы ахст дохтыры, Важа Гаприндашвилийы тыххæй фарстыл дзуаппы рæстæджы загъта.
Гиа Вольскийы дзырдæй, оккупацион режимы æрдгæй, æрымысгæ инсинууациты афон нæу æмæ сты æнæраст.
«Фæнды мæ оккупацигонд Цхинвалмæ мæ дзырд ахæццæ кæнын. Бирæты сæ зонын, бирæтимæ бадзырдты исын хайад. Хæларон ахастытæ никæйимæ мын ис, фæлæ бæрæг традицийы алыварс, иугонд сты кавказаг нацитæ æмæ этникъон къордтæ, сæ нымæцы ирæттæ, гуырдзиæгтæ, абхазæгтæ æмæ æндæртæ. Адунейы кæддæриддæр ис бæрæг намыс, кæцыйы, цыфæнды быцæудзинад уа, кæцыфæнды адæймаг ма хъуамæ фесафа. Важа Гаприндашвили кæцыфæнды быцæудзинады периоды кæд хайад иста куыд дохтыр, уæд уæ бауырнæт, цæмæй цæттæ уыд æмæ уыдзæн медицинон æххуыс ссара кæмæн фæндыдæр. Ахæм у йæ ард, у цæсгомджын лæг æмæ тынг намысджын адæймаг. Оккупацион режимæ æрдгæй æрымысгæ инсинуациты афон нæу æмæ сты æнæраст» – райхъусын кодта Гиа Вольски.
Гуырдзыстоны æмбæстагы, Тбилисы гуырд дохтыр Важа Гаприндашвилийы, оккупацигонд Орчъосанмæ хæстæг, 10 боны размæ æрцахстой. Дохтыры ныхмæ рæгъмæ хаст æрцыд тугтæроны хъуыддаг. Цхинвалы оккупацион редим, дохтыр Важа Гаприндашвилийæн дыууæмæййон развæлгъау ахст стæрхон кодта. Уымæй уæлдай ма, Цхинвалы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитет хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ ахст дохтыр Важа Гаприндашвили, 2008æ-м азы августы фæзындты, активон хайад иста куыд æфсæддон дохтыр афтæ.