Гиа Вольски – Сирийы æрдгæй оккупацигонд Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» «нымадмæ райсты» уынаффæ, сæрæй кæронмæ у Уæрæсейы инициативæ
Парламенты вице-спикер Гиа Вольскийы хъуыдымæ гæсгæ, Сирий, оккупацигонд Абхазий æмæ «Хусар Ирыстоны» хæдбарыл банымайыны тыххæй скуыдзаг кæй райста, уый зæгъгæ у сæрæй-кæронмæ Уæрæсейы инициативæ.
Фыццаг Къаналæн Гиа Вольски куыд фехъуын кодта афтæмæй, Сирийы сккуыддзаг баст у уыйимæ, æмæ Башар ал Асады системæ æмæ режим сæрæй-кронмæ баст у Уæрæсейыл.
«Æнхъæлмæкæсинаг уыд, цææй Сирий ацы скуыддзаг райстаит, фæлæ уырнæг нæ дæн, цæмæй парламенты æмæ комитетты ацы фарстыл уынаффæ кодтой. Политикон скуыддзаг комкоммæ ист у Уæрæсейы амындæй. Иннæ фарста у уый, æиæ Уæрæсе йæ политикон авторитеты, кæцы æнæуый дæр зиангонд уыд, тынг уæззау уавæры æфтауы æмæ алкæмæн бæрæг бактмæ ма уый æфтауы, цæмæй реалонæй Абхазийы æмæ Цхинвалы регионмæ гæсгæ, йæ политикон нысан у, бæрæг бæстæтæ , оккупацигонд территоритæ банымайой хæдбарыл. Уырнæг дæн цæмæй æрмæст Башар Асад нæ фæлæ ма æппæт Сирийы, ахæм адæймаг не ссардзынæ, кæцы зоны кæнæ ацы конфликты истори, кæнæ сырæзт уавæр æмæ уынаффæ афтæмæй райстой. Алцыппæт ай сæрæй кæронмæ у Уæрæсейы инициативæ. Уый хъомысдарынæй схонæн дæр нæй, ай у Уæрæсейыл баст адæймагы уынаффæ. Ацы цауы Сирий ацы уынаффæ йæ хи барæй нæ исы» з расидтис Вольский.
Сирийы фæсарæн хъуыддæгты министрад, орккупацигонд Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» нымадмæ райсты фæдыл фидиуæн хæлиу кæны.
«Сирийы ныхмæ террористон агрессийы фоныл, дыууæфарсон разыдзинадæй, Сирийы Арабты Республикæ æмæ Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» республикæтæ æрныхас кодтой, кæрæдзийы нымадмæ райсты баивды фæдыл, Сирийы æмæ Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн ахастыты æрфидар кæныныл. Дипломативон ахастытæ бындурæвæрд цæуынц минæварадты æмвæзадыл» – банысангонд у фидиуæны.