Гиа Вольски – Патриархæн кад æмæ уарзондзинад равдыстой милуанæй фылдæр адæймаг, уый уыд гуырдзиаг æхсæнады ахасты равдыст йæхи аргъуанмæ æмæ историмæ
Ацы бонтæ равдыстой, цæмæй Патриархæн кад, уарзондзинад, гуманон ахаст æмæ стыр æмзæрдæдзинад равдыстой милуан адæймагæй фылдæр. Канд чырыстонтæ нæ, фæлæ æндæр конфесситы минæвæрттæ дæр. Бирæ адæм æрбацыдысты æмæ сæ маст хайджын кодтой, — загъта парламенты фыццаг вице-спикер Гия Вольский.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «уый уыд гуырдзиаг æхсæнады ахаст йæхи аргъуанмæ æмæ историмæ».
«Уый уыд уыцы стыр интеллекты равдыст, кæцы ис нæ адæмæн куыд историон бынтæ.Афтæ дæр ахаст уыцы фарстатæм, кæцытыл Патриарх фæныхас кодта æмæ цы нын бацамыдта – быхсындзинад, бæстæмæ уарзондзинад, патриотизм, бинонты сыгъдæгдзинæдтæм ахаст æмæ бирæ æндæр хъуыддæгтæ, кæцытæ Гуырдзыстон абоны онг баххæсыд.Йæ æхсæнад бахъахъхъæдта ацы интеллект, бæрзонд зонындзинæдтæ æмæ ахаст. бирæ адæмы æнæдзургæйæ равдыста бæрæг сæрныллæгдзинад æмæ уæхсчыты æркъул кæнын, цы уавæры уыдыстæм æмæ цы æнкъардтам иумæ. Ацы æнкъарæн, хъыг æмæ рыст нæ баиу кодта.