Гиа Вольски - Гуырдзыстоны нæй æмæ нæдæр уыдзæнис санкциргонд базайраг кæнæ исты «сау хуынкъ», кæцыйы кой кæнынц нæ «хæлæрттæ»
Гуырдзыстоны нæ цæуынц бадзырдтæ санкциты иувæрсты æрзылды фæрцы, ахæм цыдæр нæй гæнæн сыххæст уа, – уый фæдыл парламенты фыццаг вице-спикер Гиа Вольски райхъусын кодта.
Гиа Вольски дзуапп ратта украинаг медийы, бæстæйы рагысгарæг куыстыл æнцойæ ахæлиугонд информацийæн, ома «Уæрæсе, Гуырдзыстон, Сомихыстон æмæ Азербайджанимæ бадзырдтæ уадзы уырыссаг продукцийы æртыккаг бæстæтæм реэкспорты тыххæй».
Гиа Вольски куыд дзуры афтæмæй, хуымæтæг дзурыны бæсты, кæд Украина рагысгарæг куыстмæ исты бæлвырдгæнæнтæ ис уæд сæ хъуамæ бавдисæт.
«Украинайы æфсæддон рагысгарæг куысты фидиуæны дзуаппæн мæ бон у, цæмæй украинаг адæмæн, ацы дезинформацимæ хъусы, иу цыдæр бæлвырд зæгъын, цæмæй Гуырдзыстоны ницы бадзырдтæ нæ цæуынц санкциты иувæрсты ацыды фæдыл. Ахæм цыдæр нæй гæнæн уа. Нæдæр базайраг æмæ нæдæр бизнес, кæцымæ санкцитæ æххæссын, Гуырдзыстоны уылты нæ фæхæццæ уыдзæн иунæг базармæ дæр. Кæд рагысгарджытæм ис уæлдай информаци æмæ æз цы зонын, уымæй фылдæр зонынц, уæд ацы информаци бавдисæт, конкретон æрмæджытæ æмæ дзæгъæлдзырд ныууадзæт. Азербайджан æмæ Сомихыстоны цы цæуы, уый фæдыл мын информаци нæй», – райхъусын кодта Гиа Вольски.