Гиа Вольски – Гуырдзыстон æнæрмæст цæттæ у хайад исын цыфæнды дискуссийы, кæцы цыфæнды европæйаг структурæйы уагъд цæуы, фæлæ ма æххæст кæны Евроцæдисы æппæт домæнтæ бæрзонддæр стандарттимæ
Гуырдзыстон æнæрмæст цæттæ у хайад исын цыфæнды дискусийы, кæцы цыфæнды европон структурæйы уагъд цæуы, фæлæ ма бæрзонддæр стандартæй æххæст кæны Евроцæдисы æппæт домæнтæ, – расидтис парламенты фыццаг вице-спикер, Гия Вольски.
Вольский дзуапп ратта Польшæйы Евроцæдисы хъуыддæгты министр Адам Шлапкайы расидæнæн, кæцыйы банысан кодта: «Гуырдзыстон Евроцæдисы Генералон Хъуыддæгты Советы рабадты хайад нæ иста æмæ нæ ныфс ис, фæстæдæр нæм кæй баиу уыдзæн».
«Евросоветы æмæ Европарламенты парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны ныхмæ цы знаггадгæнæг архæйдтытæ федтам, уыдон нæ æвдисынц немæ æмкуыстдзинады перспективæ, кæцы реалонæй ис æмæ махæн ис». Кæд министр Шлапка афтæ хъуыды кодта, уæд уый æхсызгон у. Ис бæрæг фарстатæ, кæцытыл хъуамæ бакусæм Евроцæдис æмæ Евроцæдисы бæстæтимæ, фæлæ Гуырдзыстоны æрдæм нын ис дзæвгар уæззау ахаст, кæцыйы аккаг нæ стæм. «Уый у дывæр стандарт æмæ æнæрастдзинад», – загъта Гиа Вольски.