Гиа Вольски – Бидзина Иванившили никуы бауагъдта, цæмæй процесстæн фæсаууонæй къухдариуæг кодтаит, нæ цæсты раз ахæм ницы æрцыд
Бидзина Иванпишвили никуы бауагъдта, цæмæй процесстæн фæсаууон позицийæ къухдариуæг кодтаит, нæ цæсты раз ахæм ницы æрцыдис, – уый фæдыл парламенты фыццаг вице-спикер Гиа Вольски райхъусын кодта.
Вольскитйы дзырдæй, зæгъгæ Иванишвилийы стыр финансон ресурсæй политикон спекуляцитæн пайда кæнынц.
«Демократийы цитаделы АИШ-ы лидершипы нæ уыдис адæймаг, кæй бинонтæн дæр стыр финансон ресурс нæ уыдис. Акæсут Евроцæдисы структурæтæм – ис адæймæгтæ хицауады, фæлæ ничи никуы нæ пайда кæны финансон ресурсæй негативонæй, уæлдайдæр Бидзина Иванишвили. Стыр финансон ресурсыл куы ныхас кæнæм, уæд æрымысут «Лело», Давит Къезерашвили, кæцы Гуырдзыстоны бюджетæй адавдта æхца. Бидзина Иванишвилиыйы стыр финансон ресурсæй политикон спекуляцитæн пайда кæнынц, фæлæ ацы стыр финансон ресурсы фæстæ ис позитивон проектты егъау ранымад, кæцы уый Гуырдзыстонæн сарызта. Нæй гæнæн исты цæвиттон æрхæссæм, цæмæй йæ дæлбар уæвæг стыр финансон ресурсы уæвынад негативонæй уа бавдыст.
Ахæм никуы æрцыд, нæкæсгæ уымæ, цæмæй Бидзина Иванишвилиæн серьозон политикон ресур уыдис, уый премьер-министр æмæ партийы къухдариуггæнæг уыд. Ныр дæр афтæ уыдзæн. Бидзина Иванишвили никуы бауагъдта, цæмæй процесстæн фæсаууон позицийæ къухдариуæг кодтаит, нæ цæсты раз ахæм ницы æрцыдис», – райхъусын кодта Гиа Вольски.