Гиа Маисашвилийы мард Гуырдзыстонмæ 5 марты æрласдзысты
Гиа Маисашвилийы  мард  Гуырдзыстонмæ  5 марты æрласдзысты

Гуырдзиаг экономисты, политикы  Гиа Маисашвилийы  марды АИШ-æй  Гуырдзыстонмæ  сом æрласдзысты.

Фыццаг Къаанлæн  фæмардувæгы æфсымæр , Анзор Маисашвили  куыд фехъусын кодта афтæмæй,   Гиа Маисашвилийы  буары  фыдыбæстæмæ  5  марты  сæумæрайсомы æрласдзысты,  æмæ йæ  Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй  аласдзысты  Сионы кафедралон  аргъуанмæ.

Маисашвилийы  6 марты, Хетæггаты Къосты уынджы  7 номыры уæвæг  Сыгъдæг Николайы номыл  аргъуаны  тыргъы  бавæрдзысты.   Уæззау низы фæстиуæгæн, 55 азы кары  гуырдзиаг экономист, политик  Гиа Маисашвили 26 февралы  амард.

Маисашвилийæн хос кодтой АИШ_ы. Уымæн цалдæр азы размæ фæбæрæг ис рак.