Гиа Барамидзе – Гиви Таргамадзе «Националон Змæлды» уæнг нæу æмæ «Националон Змæлды» номæй ныхасы кæныны бар йæм нæй
Тынг дзæбæх зонут цæмæй Гиви Таргамадзе нæу «Националон Змæлды» уæнг æмæ «Националон Змæлды» кæнæ æндæр партийы номæй ныхас кæныны бар йæм нæй, – уый фæдыл Националон Змæлды» уæнг Гиа Барамидзе райхъусын кодта.
Гиа Барамидзейы журналист бафарста Гиви Таргамадзейы зноны фидиуæнты тыххæй.
«Ацы хъуыддагыл мæн фæрсыны релевантон нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæцыфæнды æмбæстагы фидиуæныл комментари саразын мæнæй ма хъуамæ домат», – банысан кодта Гиа Барамидзе.
Фарстыл «Гиви Таргамадзе кæцыфæнды æмбстаг у зæгъгæ? Уый уæ раздæры æмпартийаг куы у»? – Гиа Барамидзе дзуапп кæны, цæмæй «Уæнгæн дæр нæу йæ бон «Националон Змæлды» номæй фидиуæнтæ аразын, уæлдайдæр «Националон Змæлды» раздæры уæнг».
Гиви Таргамадзе знон иуæй-иу медиайы эфиры райхъусын кодта: «Адоны æхсæнгарзæй раппарын нæ куы фæндыдаит, уæд дыууæминхатт сарызаиккам уый, фæлæ бæстæйыл ауæрдæм». Таргамедзейы дзырдæй, зæгъгæ цæмæй бæстæ аирвæза, алцыппæт хъуамæ саразой, уый нымæцы, райсинаг у карз протест дæр. Уый фæдыл Гиви Таргамадзе банысан кодта: «Марты протесты рæстæджы, махмæ пъæлицæй хæдтулгæй басудзыныл куы уыд дзырд, уæд æрдæг Паризы басыгъдтой, кæцыйы мидæг æбуалгъ ницы ис».