Германийы парламенты президент Бербел Бас Тбилисмæ абон фæуазæг уыдзæн
Германийы парламенты президент Бербел Бас Тбилисмæ абон фæуазæг уыдзæн

Германийы  парламенты  президент Бербел  Бас Тбилисмæ  абон   фæуазæг уыдзæн.

Гуырдзыстоны Германийы  минæварады хъусинагæй,   Бербел Басы визит, гуырдзиаг коллегæ  Шалва Папуашвилийы   хуындæй  ацæудзæн.   Афтæма  сæ информацийæ Бербел Бас  фембæлдзæн Шалва Папуашвилиимæ, Саломэ Зурабишвилиимæ æмæ Ираклий Гъарибашвилиимæ.

Минæварады  информацийы  куыд у банысангонд   афтæмæй,  Германийы  парламенты  президенты визит Гуырдзыстонимæ визит у Германийы æмæ Гуырдзыстоны  æнгом  æмгуыстады  ноджы фæарфдæр кæнынæн цæуы.

«Бербел Бас  Гуырдзыстонмæ нысаниуæгджын  моменты æрцæуы. Гуырдзыстон  куырдиат сарызта  Евроцæдисы уæнгсуæвыны  фæдыл  æмæ уый тыххæй  ныхас уыдзæн   дарддæры  къахдзæфты  ацы нысанмæ баххæссынæн.  Уымæй  дарддæр ма, Бас æркæсдзæн   Украинайы  Уæрæсейы  агрессийы  фоныл  Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Кавказы  уæвæг уавæр.

Парламенты президент фембæлдзæн Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар, Ьшалва Папуашвилиимæ, афтæма  Гуырдзыстоны  президент, Саломэ Зурабишвилиимæ  æмæ Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилиимæ.

Визиты программæйы афтæдæр ис Хуссар Ирыстонимæ уæвæг администрацийы хаххмæ бæрæгдзау  ныццыд  æмæ  Евроцæдисы  цæстдарæг миссийы  брифинг.

Германийы  рангæй  дыккаг   паддзахадон минæвары визит Гуырдзыстонмæ сыххæст уыдзæн   фидæны нæ æнгом æгуыстад ноджы  фæарфдæр кæнынæн», –  банысангонд у  минæварады информацийы.

Германийы  парламенты президенты Гуырдзыстонмæ визит 12  июлы фæуыдзæн.