Германийы  минæвар -  Стыр ныфс мæ ис,цæмæй цалдæр бонмæ, æвзарæнон системæйы фæдыл  фæстиуæгмæ æрцæудзыстæм
Германийы минæвар - Стыр ныфс мæ ис,цæмæй цалдæр бонмæ, æвзарæнон системæйы фæдыл фæстиуæгмæ æрцæудзыстæм

Æртæ мæй  у  цы кусæм, цæмæй  æвзарæнон системæйы  тыххæй  разыдзинадмæ æрцæуæм,  тынг хæстæг  стæм   бадзурынмæ –  рахъусын кодта  Гуырдзыстоны  Гермнаийы  минæвар  Хуберт  Книрш.

Минæвары дзырдæй,   зæгъгæ  йæм   стыр  ныфс ис   æмæ   оптимистон ахаст дары, цæмæй   а цалдæр боны фæстиуæгмæ æрцæудзысты.

«Майрæмбон нын уыдис  тынг дзæбæх  фембæлд   политикон   фарсытимæ.   Ныр æртæ  мæйы рацыд  цæй  кусæм цæмæй  æвзарæнон системæмæ гæсгæ  рзыдзинадмæ æрцæуæм.  Ацы  бадзырдмæ  æрцуæынмæ ма нæ  тынг  чысыл  хай  хъæуы.  Сырæзт уавæр  ахæм ситуацийы  æнгæс у, къорд  тынг бæрзон цъитимæ  куы схизы æмæ тынг хъыгаг  уыдзæн,  цалдæр метр ма  куы баззайы  æмæ    уыцы бал  уырдæм схизын  ку мауал бахъом  уа уæд.

Тынг стыр ныфс мæ ис  æмæ оптимистонæй  кæсын  цæмæй  ацы   цалдæр бонмæ  æрцæудзыстæм фæстиуæгмæ æмæ  алы  фарсæн дæр раст афтæ  цин  уыдзæн,  куыд абоны  олимпиадæйы  уæлахиздзаутæ» –  уый фæдыл   минæвар Гуырдзыстоны «Гётейы» институты  жерналисттимæ  комментарийы  рæстæджы банысан кодта,  цы ран немыцаг æвзаджы  олимпиадæйы  уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой.