Германийы хицауады æххуысæй, Тбилисы райдаы зондджын транспортон системæты æмæ къæлидоры райрæзт
Финансты министрады информацийæ, Германийы хицауады æххуысæй, Тбилисы зондджын транспортон системæйы æмæ транзитон къæлидоры райрæзт райдаы.
«Абон рекоснтрукцийы кредитон банкы (KfW) æмæ финансты министрады æхсæн, къухбафыст уыд кредитон æмæ грантон бадзырдтæ проектæн «æнæцудгæ урбанон мобилондзинад». Бадзырдтæй бæрæг у реконструкцийы кредитон банктæ, 47 милуан евройы бæрц уæлбарджын хæсы, афтæма 1.5 милион евройы бæрц грант рауæлдай кæнын», – хъусын кæнынц финансты министрады.
Сæ информацийæ, проект йæ хъуыдыйы дары урбанон транспортон инфраструктурæ райрæзты финанскæнын, сæрмагондæй та, зондджын транспортон системæйы æмæ Тбилисы транзитон къæлидортæ саразын.
«Тбилисы зондджын транспортон райрæзт сбæрзонддæр кæндзæн фæндæгтыл æдасдзинад, уыимæ ма ахъаззаг уыдзæн горæты къæрмæджытæ фæкъаддæр кæныны æмæ экологион уавæр фæхуыздæрæ», – хъусын кæнынц финансты министрады.