Германийы хицауад Украинайæн хæстæрмæгы радон парти бадæтта. Æмбæлгæ информаци Германийы хицауад айхъусын кодта, кæцыйы хъусинагæй, украинаг фарс райстаит фондз эвакуацион згъæрхæдтулгæ «Bergepanzer 2», авд уæззау æмæ астæу потенцион системæ, 167 мин нæмыг æхсæнгразæн, 30 зенитон хæдцæугæ системæ «Гепард», «Stinger»-ы 500 зенитон ракетæ, 15 мины онг танкыныхмæ гарзæг, 350 мин детонатор афтæма дронты ныхмæ гæрзтæ.
Уый æддæмæ ма Украинамæ Германийæ лæвæрд уыд æндæр æмæ æндæр ифтонггæрзтæ æмæ æфсæддæттæн зымæджы экипировкæ.
Германи Украинайæн адæтта иуылног зенитон-рактеон комплекс «IRIS-T»-æ.